Никол Пашинян - Украинайы фарстайы Сомихыстон Уæрæсейæн æмцæдисон нæу
Украинайы фарстамæ гæсгæ Сомихыстон Уæрæсеййæн æмцæдисон нæу, – уый фæдыл Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян Мюнхены сомихаг диаспорæимæ фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.
«Рагæй загътон, Сомихыстон Украинайы фарстайы Уæрæсейæн æмцæдисон нæу. Уый у нæ æромзæрдæ позици. Махæн тынг риссаг у, цæмæй нæу нæ бон ацы ситуацийыл æндæвдад скæнын. Украинаг адæм нæ хæлар адæм сты», – райхъусын кодта Пашинян.
Уыимæ, Германийы сомихаг диаспорæимæ ныхасы рæстæджы Сомихыстоны премьер бæстæйы сæйраг æддагон-политикон рардæй территорион æнæхъæндзинады, хæдбарады æмæ суверенитеты бахъахъхъæнын схуыдта.
«Евроцæдисимæ æмæ алы ныгуылæйнаг партнеримæ ахастыты æз нысаниуæг дæттын æнæрмæст материалоныл бындурæвæрд, фæлæ ма афтæдæр аргъдзинæдтыл бындурæвæд ахастытæн. Хъуамæ рацæуæм уырдгæй, нысаниуæгджын у æви нæ махæн демократи. Нæ ахастытæ Евроцæдисимæ абон демократийы фæрцы рæзынц. Евроцæдисы нын нæ фарс хæцынц демократийы сферæйы æмæ мах афтæдæр ахуыр кæнæм, цы у демократи», – банысан кодта Никол Пашинян.