Никол Пашинян Сомихыстон-Азербайджаны  арæныл  æхсæнадæмон  цæстдарæг  миссийы  æрлæууын кæнын домы
Никол Пашинян Сомихыстон-Азербайджаны арæныл æхсæнадæмон цæстдарæг миссийы æрлæууын кæнын домы

Сомихыстоны  премьер-министр Никол Пашинян Сомих=Азербайджаны  арæныл  æхсæнадæмон цæстдарæг миссийы æрлæууын кæнын  домы.  Уый фæдыл  Пашинян ныффыста  социалон хызаг «Твиттеры».

«Азербайджаны ног бырстыты фæстиуæгæн, Сомихыстоны  территорийыл  мард сты  æртæ сомихаг  æфсæддон.  Уый у  бырст  Сомихыстоны   хæдбарады, суверенитеты æмæ  демократийы  ныхмæ. Азербайджаны   интервенци  бафауын хъæуы æмæ йæ  бауромын.  Азербайджаны  æфсæддон   хайадты  акæнын æмæ æхсæнадæмон цæстдарджыты мисси слæууын кæнын  Азербайджаны оккупацийы фæстиуæгæн  зианбаййафæг  сСомихы территоритыл  æмæ арæнгæрон   рейонты  абсолютонæй  æнæмæнгхъæугæ у» –  фыссы  Пашинян.

Ивгъуыд æхсæм  Сомих æмæ Азербайджан  арæйнон зонæйы  гарзджын   быцæудзинады æмæ  амæттагы  фæдыл  райхъусын кодтой.

Банысан кæнын хъæуы, цæмæй Сомихыстон-Азербайджаны   арæнгæрон районты æхсæнадæмон миссийы  æрлæууын кæныныл Никол Пашинян  ИНО-йы генералон ассамблейыл дзырдæй ралæуды рæстæджы  фæныхас кодта æмæ  загъта цæмæй,  уый регионон стабилондзинадæн  нысаниуæгджын фактор уыдзæн.