Никол Пашинян Сомихыстон-Азербайджаны арæныл æхсæнадæмон цæстдарæг миссийы æрлæууын кæнын домы
Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян Сомих=Азербайджаны арæныл æхсæнадæмон цæстдарæг миссийы æрлæууын кæнын домы. Уый фæдыл Пашинян ныффыста социалон хызаг «Твиттеры».
«Азербайджаны ног бырстыты фæстиуæгæн, Сомихыстоны территорийыл мард сты æртæ сомихаг æфсæддон. Уый у бырст Сомихыстоны хæдбарады, суверенитеты æмæ демократийы ныхмæ. Азербайджаны интервенци бафауын хъæуы æмæ йæ бауромын. Азербайджаны æфсæддон хайадты акæнын æмæ æхсæнадæмон цæстдарджыты мисси слæууын кæнын Азербайджаны оккупацийы фæстиуæгæн зианбаййафæг сСомихы территоритыл æмæ арæнгæрон рейонты абсолютонæй æнæмæнгхъæугæ у» – фыссы Пашинян.
Ивгъуыд æхсæм Сомих æмæ Азербайджан арæйнон зонæйы гарзджын быцæудзинады æмæ амæттагы фæдыл райхъусын кодтой.
Банысан кæнын хъæуы, цæмæй Сомихыстон-Азербайджаны арæнгæрон районты æхсæнадæмон миссийы æрлæууын кæныныл Никол Пашинян ИНО-йы генералон ассамблейыл дзырдæй ралæуды рæстæджы фæныхас кодта æмæ загъта цæмæй, уый регионон стабилондзинадæн нысаниуæгджын фактор уыдзæн.