Ереван Уæлхох Карабахы хæдбарад банымайын нæ цух кæны – уый фæдыл Сомихыстоны премьер-министр Никол пашинян парламенты уæлрадон рабадтыл райхъусын кодта.
«Ацы фарста тынг серьозонæй хъуамæ æркæсæм. Гæнæн ис райдайа уæрæх æхсæнадон тæрхон, æркæсдзыстæм фæзынды айтынгы алыхуызон сценарий. Ацы фарста бадзырдты фингмæ ахиздзæн» – райхъусын кодта Пашинян.
Уыимæ иумæ ма, Сомихыстоны премьер-министр, фæнысангонд фарстайыл социалон хызаджы дæр ныффыста.
«Æркæсдзыстæм алхуызæн æвæццæгæнад, фæзынды айтынгы алыхуызон сценарий. Сомихыстон Арцахы æдасдзинады æмæ хæдбарады гаранти у. Абон Сомихыстон Арцахæн йæ фарсмæ лæууы йæ паддзахадон системæ æмæ цæрджыты потенциалимæ. Тыхархайд нæ февгъау кæндзыстæм, цæмæй сифтонг кæнæм нæ фыдыбæстæйы арæнты æдасдзинад, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ сриæбардзинад æмæ хæдбарад» – фыссы «Твиттеры» Пашинян.