Никол Пашинян – Хъуамæ ацæуой парламентон æвзæрстытæ, кæцытыл ног хицауады сывзардзæн адæм
Ереваны оппозицийы лидер, Никол Пашинян Республикæйы фæзыл æрымбырдуæвджыты раз дзыодæй ралæууыд. Пашинян цæрджытæн раарфæ кодта уæлахиздзинад.
Сомихыстоны зынаргъ цæрджытæ, сымх фæуæлахиз стут. Знон сæумæрайсом фысымуаты сырæзт Саргсянимæ мæ фембæлд æмæ уый кæронмæ нал баззад, фæуагъта нæ. Уцы моментæй фæфиппайдтон, цæмæй йæ пост ныууагъдта.
Знон полици мæ æрцахста æмæ мæ куы фæцæйластой, уæд фæндагыл хъазгæ нызас кодтон семæ уыдон та дис кодтой, цæмæн мæхи афтæ дарттон. Æз сын загътон, зæгъгæ ацы моментæй Серж Саргсяны хицауад нал кусы æмæ мах фæуæлахиз стæм.
Абон сæумæрайсом мын дзырдтой, цæмæй дам Серж Саргсян йæ пост ныууагъдтаит сентябры, дыууæ сахат фæстæ та мын банхъардтой цæмæй дам иу мæймæ йæхи суæгъд кæндзæн йæ куыстæй. Стæй та, 25 апрелы дам, æмæ æппынфстаг та алчидæр федтам куыд ныууагъдта йæ пост абон.
Уыдис нын цалдæр нысан – фыццаг Сержы куыстуæгъдмæ арвитын, парламенты адæмы æвзæрст уæнгы бавдисын æмæ алцыппæт хъуамæ сырæза иу къуырийы мидæг, фæлæ уæдмæ хъуамæ сырæза рæстæгмæ хицауад. Уый фæстæ хъуамæ уагъд æрцæой парламентон æвзæрстытæ, кæцытыл адæм сывзардзысты ног хицауад.
Ныфс мæ ис, цæмæй паддзахад нымадмæ райсдзæн хъæдабæ революци æмæ уый цас рæхджы сырæздзæн, уыййас хуыздæр уыдзæн. Баххуыс нын уыдзæн Уæлхох Къарабахы проблемæйы аскуыддзагы, хъæдабæ революци ма хъуамæ æрлæууа, мах кæронмæ хъуамæ тох кæнæм уæлахиздзинадæн – райхъусын кодта Никол Пашинян.