Никол Пашинян - Аст бон у, Лачины къæлидор Азербайджан æхгæд дары æмæ Уæлхох Карабахы цæрджытæ фæндæгтыл, уазалы лæууынц
Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян социалон хызаджы Лачины къæлидоры алыварс уæвæг уавæры фæдыл фыссы.
«Аст бон у, Лачины къæлидор Азербайджан æхгæд дары æмæ Уæлхох Карабахы цæрджытæ фæндæгтыл, уазалы лæууынц. Бинонтæ блокадæйы æндæр æмæ æндæр фарсы фæвæййынц. Æнæниздзинады серьозон проблемæтæ кæмæн ис ахæм æмбæстæгтæ хъаджджын сты медикаменттæй æмæ медицинон лæккадæй» – фыссы Пашинян.
Лачины къæлидор 12 декабрæй Азербайджайнаг экоактивисттæ сыхгæдтой. Растдæр ацы къæлидоры уылты у Уæлхох Карабахы æмæ Сомихыстоны кæрæдзиимæ иугæнæг иунæг фæндаг.