Никол Пашинян æмæ Реджеб Таийп Эрдогъан телефонон ныхасы рæстæджы æмахастытæ нормализаци æркастысты
Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян æмæ Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан телефонон ныхасы рæстæджы æмахастытæ нормализацийыл фæуынаффæ кодтой.
Информацийы Сомихыстоны премьер-министры администраци хъусын кæны.
Администрацийы хъусинагæй, паддзахадты сæргълæуджытæ бахахх кодтой бæсмтæты æхсæн æмахастытæ æрбиноныг кæныны дыууæфрасон процессы нысаниуæг, кæцы афтæдæр ахъаззаг уыдзæн регионы саырдзинад æмæ стабилондзинад сфидар кæнынæн.
Сомихыстоны премьеры администрацийы информацийæ, ацы контексты, лидертæ разагъдтой ныфс, цæмæй фыццаг июлы дыууæ бæстæйы специалон минæвæртты фембæлдыл цæуыл бадзырдтой, уый тагнъд сыххæст уыдзæн.
Уыимæ Сомихыстоны премьеры администрацийы ахæлиугонд фидиуæнмæ гæсгæйæ, Сомихыстоны премьер Турчы лидерæн Хъуырман Байрам раарфæ кодта, йæхиæрдгæй Реджеб Тайип Эрдогъан та Сомихыстоны премьерæн Вардавары æрлæууд раарфæ кодта.