Ника Мелиайы æрцахсты фæдыл МХМ хæлиу кæны фидиуæн – Хæстæ æххæст кæныны рæстæджы пъæлицæй архайдта законæй бæрæг  пропорцион тыхæй æмæ специалон фæрæзтæй
Ника Мелиайы æрцахсты фæдыл МХМ хæлиу кæны фидиуæн – Хæстæ æххæст кæныны рæстæджы пъæлицæй архайдта законæй бæрæг пропорцион тыхæй æмæ специалон фæрæзтæй

«Иугонд Националон Змæлды»  сæрдар Ника Мелиайы  æрцахстмæ  гæсгæ МХМ хæлиу кæны  фидиуæн.

МХМ-ы банысан кодтой,  цæмæй тæрхондонæй  МХМ-æ  лæвæрд хæсы  сыххæсты рæстæджы пъæлицæй   спайда кодта  тыхыбын бакæныны  закъонæй бæрæг   пропорцион тыхæй  æмæ  специалон фæрæзтæй.

«Тбилисы горæты тæрхондон цæугæ  азы 17  февралы  Никанор Мелиайы  ныхмæ рахаста  уынаффæ ахсты фæдыл, МХМ  уый сыххæст кодта – Никанор Мелиа ахст у.

Барадхъахъъхæнджытæ  Тбилисы Кахеты  сосафæндагыл уæвæг «Националон Змæлды»  офисы  йæ  алфæмбылæйтты   æрымбырдуæвæг  адæмы   бафæдзæхстой,   цæмæй  ма бахъыгдардтаиккой  тæрхондоны уынаффæ сыххæсты æмæ уый тыххæй  сын  рæстæг дæр ратта.

Министрады æрдгæй  бынатыл  арызт æнæ иу   рагфæдзæхстмæ нæкæсгæйæ,   партийы  офисы  цур æрымбырдуæвджытæ нæ бакоммæкастысты   пъæлицæйæгты  законон  æркуырдмæ  æмæ  барадхъахъхъæнджытæм  фæбыцæу сты.

Уый тыххæй  дæр, тæрхондонæй МХМ-æвæрд хæс сыххæсты рæстæджы пъæлицæй закъонæй бæрæг   пропорцион тыхæй  æмæ  специалон фæрæзтæй», – хъусын кæнынц МХМ-ы.