«Нейшнл Джеографикимæ»  иумæ, ставддæр туроператор  «Мир Корпорейшн»   Гуырдзыстонмæ  бæлццонон туртæ  æрцæттæ кæндзæн
«Нейшнл Джеографикимæ» иумæ, ставддæр туроператор «Мир Корпорейшн» Гуырдзыстонмæ бæлццонон туртæ æрцæттæ кæндзæн

Гуырдзыстоны  экономикæйы æмæ  æнæфæцудгæ рæзынады  министр Натиа Турнава   ставд   америкаг  туроператоры минæвæрттимæ фембæлд æмæ  семæ, АИШ-æй, Канадæйæ, Ног Зеландийæ  æмæ æндæр  англисагæвзагон бæстæтæй  туристты  æрласыны райрæзын кæныны  фарста æркастис.

Фембæлдыл банысан ис, цæмæй   америкаг  сеппæтæй  ставд  туроператор «Мир Корпорейшн» (MIR Corporation), кæцы Гуырдзыстоны  рагæйы фæстæмæ  кусы æмæ бынæттон туристон базарыл  æххæст кæны туристты  æрласт  АИШ-æй, Канадæйæ, ног Зеландийæ  æмæ  æндæр  англисагæвзагон бæстæтæй,   райдайы  иумæйаг проект  «Нейшн Джеографикимæ» (National Geographic) бæлццонон туртæ æрцæттæ кæныны  фæдыл.

Фæнысангонд  сервисæй пайдагæнджытæ Цæгат Америкæйы  бæстæтæ, Ног Зеланди æмæ  æндæр англисагæвзагон   бæстæты æмбæстæгтæ  уыдзысты.   Компани туристтæн банхъардзæн сæ домæнтæм æмбæлон  тур-пакеттæ.

Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ   рæзынады министр, Натиа Турнава   æвæрццаг   аргъ скодта   фæнысангонд  проектæн æмæ банысан кодта, цæмæй   ахæм  активондзинæдты  сæххæст   сæрмагондæй  актуалон у  абон,  Гуырдзыстоны туризмы   сектор   быцæусидты раз  куы ралæууыд  уæд.

Фембæлдыл  банысан ис, цæмæй  Гуырдзыстоннмæ ис   стыр потенциал   нысаниуæгджынæй  райрæзын кæна   туристты  нымæц  Цæгат Америкæйы  бæстæтæй.   Фембæлды хайад истой,  Гуырдзыстонмæ  ласæг   туроператорты  ассоциацийы   минæвæрттæ.

Информацийы  хъусын кæны  экономикæйы министрад.