National Geographic  Гуырдзыстоны схуыдта 2024 азы  сегасдæр хуыздæр 20  æрдæмады æхсæн
National Geographic Гуырдзыстоны схуыдта 2024 азы сегасдæр хуыздæр 20 æрдæмады æхсæн

«National Geographic» 2024 азы   20  сегасдæр хуыздæр æрдæмадыл уыд нымад.  Шри Ланкайы, Тайлады, Чилейы, Шотландийы, Австралийы æмæ æндæр номдзын  туристон æрдæмадты  æхсæн  Гуырдзыстон National Geographic-ы глобалон дзыллæйы эксперттæ рабæрæг  кодтой.

«Нæ æрвылазон  хуыздæр  æрдæмадты æхсæн   сымах ссардзыстут Паризы уынгты, Гуырдзыстоны  уæвæг Кавказы  митджын хæхтæ, Алжиры  рагон къæдзæхты  аивад» –  фыссы National Geographic æмæ Гуырдзыстоны тыххæй  фыссы   ахæм дæлсæргондимæ: «Къахдзоныгъон  тур Гуырдзыстоны уæвæг Юнескойы цыртты æхсæн».

Информациимæ иумæ  National Geographic-ы фарсыл   Ушгулы  къахдзонгыътæй  бырыны  фæдыл   æвæрд у  видео дæр.

«Къахдзоныгътæй бырын, балц æмæ цуан  хохджын Гуырдзыстоны  царды уаг у.  Сванеты  уæ бон у   кахдзоныгътыл бырын  æфцæгтыл æмæ астæу æнусты  хъæуы Ушгулы, кæцы Европæйы сегасдæр  бæрзонддæр   иудадзыг цæрæн бынат у.   Хуыздæр уаты  период  райдайы   декабры æмæ   апрелы  фæуд кæны», – фыссы  National Geographic.

Информаци публикаци кæны  туризмы  националон администраци.