NDI - Зæгъгæ сом сты парламентон æвзæрстытæ, рафарстуæвджыты 20 процент схъæлæс кæнид «Гуырдзиаг Бæллиццæн», 13%- «Националон Змæлдæн, 14 %- иунæг партийæн дæр не схъæлæс кæнид
Зæгъгæ сом сты парламентон æвзæрстытæ, рафарстуæвджыты 20 процент схъæлæс кæнид «Гуырдзиаг Бæллиццæн» – уый фæдыл дзырдæуы Националон Демокративон Институты иртасæны.
Фарстыл – зæгъгæ сом сты парламентон æвзæрстытæ, кæмæн схъæлæс кæниккат – рафарст æмбæстæгты 14 процент дзуапп нæ дæттынц, ноджы 14 процент дзурынц, цæмæй иунæг партийæн дæр не схъæлæс кæндзысты.
«Националон Змæлд» схуыдтой, рафарстуæвджыты 13 процент, 12 % та нæ зоны.
«Европаг Гуырдзыстоны» кой ракодтой аст проценты, фондз% – «Лейбористон парти», цыппар – «Патриотты Альянс»; «Политикон Платформа – Ног Гуырдыстон» æмæ «Демокративон змæлд – Иууон Гуырдзыстонæн» æртыгай проценты; «Гирчийы» – дыууæ процент, æрмæст æндæр партитæн афтæдæр дыууæ проценты схъæлæс кæндзысты.
Авторты информацийæ, иртасæн ацыд 2019 азы 19 ноябр – 13 декабры онг периоды, Гуырдызстоны масштабæй (оккупиронгонд территоритæй цух), 2,180 интервьюйы, минæварадон равзæрсты бындурыл.
«NDI»-ы иртасæнтæ æххæстт цæуынц Стыр Британийы хицауады UK aid-ы финансон æххуысæй. Рафарст æххæст кæны «CRRC-Гуырдзыстон».