«NDI»- ы иртасæнæй, рафарстгондты фылдæр, нысаниуæгджын хонынц, этникон къаддæрдæрты æмæ амалхъомдзинад цух уæнгты барты хъахъхъæд,сегасæй ныллæг бæрæггæнæнтæ ис сексуалон къаддæрдæрты барты хъахъæдæн
«Националон –Демокративон Институты» (NDI) иртасæны рæстæджы фарстытæ бавдыстæуыд къаддæрдæрты барты тыххæй дæр.
Рафарсты фæстиуджытæм гæсгæйæ, æмтгæй райсгæйæ рафарст цæрджыты 92% хъуыды кæнынц, цæмæй амалхъомдзинад цух уæнгты барт хъаххъæд иттæг нысаниуæгджын (58%) æмæ нысаниуæгджын (34 процент). Нейтралон ахаст æвдисынц 5 процент.
Афтæдæр æмтгæй райсгæйæ рафарстгондты 72 процент хъуыды кæнынц, цæмæй иттæг нысаниуæгджын (16 роцент) æмæ нысаниуæгджын (56 процент) у этникон къаддæрдæрты барты хъахъхъæд, нейтралон –16 процент.
Уымæй уæлдай, рафарстгондты 71 % фиксир кæнынц, цæмæй религион къаддæрдæрты барты хъахъхæд тынг нысаниуæгджын у (17 процент) æмæ нысаниуæгджын у (54 процент).
Нейтралон ахаст фиксир кæнынц – 16%.
Ацы æрдгæй сеппæтæй ныллæгдæр бæрæггæнæнтæ ис сексуалон къаддæрдæрты (LGBT) барты хъахъхъæды фарстæн.
Иртасæн цыд 13-29 июлы периоды, Гуырдзыстоны масштабæй (оккупацигонд территоритæй цух), 2,131 комкоммæ интервьюйы бæрнонадон равзаргæйæ.
Рæдыд гæнæн ис уа +/- 2-3 проценты.
NDI-ы иртасæнтæ æххæст цæуынц Стыр Британийы хицауады UK aid-ы финансон æххуысæй. Рафарст уадзы CRRC-Гуырдзыстон.