«NDI»- ы иртасæнæй, рафарстгондты фылдæр, нысаниуæгджын хонынц, этникон къаддæрдæрты æмæ амалхъомдзинад цух уæнгты барты хъахъхъæд,сегасæй ныллæг бæрæггæнæнтæ ис сексуалон къаддæрдæрты барты хъахъæдæн

12:29, 17.09.2019

«Националон –Демокративон Институты» (NDI) иртасæны рæстæджы фарстытæ  бавдыстæуыд  къаддæрдæрты барты тыххæй дæр.

Рафарсты фæстиуджытæм гæсгæйæ,  æмтгæй райсгæйæ  рафарст цæрджыты  92%  хъуыды  кæнынц,   цæмæй амалхъомдзинад цух  уæнгты  барт хъаххъæд  иттæг нысаниуæгджын  (58%)  æмæ нысаниуæгджын (34 процент). Нейтралон  ахаст æвдисынц  5 процент.

Афтæдæр  æмтгæй райсгæйæ   рафарстгондты 72 процент  хъуыды кæнынц,  цæмæй  иттæг нысаниуæгджын (16 роцент)  æмæ   нысаниуæгджын (56 процент)  у этникон  къаддæрдæрты барты хъахъхъæд, нейтралон –16  процент.

Уымæй  уæлдай,  рафарстгондты  71 % фиксир кæнынц, цæмæй  религион   къаддæрдæрты  барты хъахъхæд  тынг нысаниуæгджын  у (17 процент)  æмæ  нысаниуæгджын  у (54 процент).

Нейтралон ахаст фиксир кæнынц – 16%.

Ацы æрдгæй  сеппæтæй ныллæгдæр бæрæггæнæнтæ ис   сексуалон  къаддæрдæрты  (LGBT) барты  хъахъхъæды фарстæн.

Иртасæн цыд  13-29 июлы  периоды,  Гуырдзыстоны масштабæй  (оккупацигонд территоритæй  цух), 2,131 комкоммæ  интервьюйы  бæрнонадон равзаргæйæ.

Рæдыд гæнæн ис уа   +/- 2-3  проценты.

NDI-ы  иртасæнтæ  æххæст цæуынц  Стыр Британийы   хицауады   UK aid-ы финансон  æххуысæй.  Рафарст уадзы  CRRC-Гуырдзыстон.

Хуыздæр