НАТО-ы парламентон ассамблейы вице-президент - Сидын алы фарсмæ, стыр бæрнæй архайæт дарддæры бонты æмæ къуыриты дæргъы
НАТО-йы парламентон ассамблейы вице-президент Осман Аскин Бакы фидиуæнæй зæгъгæ 31 октябры НАТО-йы парламентон ассамблейы дæс минæвар, æвзарæнон процессмæ дарттой цæст Тбилис æмæ Мцхетайы.
Сæ ныхæстæм æгсгæ, 2020 азы парламентон æвзæрстытæ уыд нысаниуæгджын, уымæн æмæ Гуырдзыстон хизы хицаудзинады парламентон системæмæ.
Осман Аскин Бакы аргълæвæрдæй, Æвзæрстытыл æмтгæйонæй хъахъъæд уыд фундаментон сæрибардзинад æмæ процедурæты фылдæр уыдис рагхыгъд фæлæ нæ уыдысты æнæаипп.
«Знон нæ цæст дарттам конкурентон æвзæрстытæм, цы ран фундаментон сæрибардзинæдтæ æмтгæй зæгъгæйæ уыдысты хъахъхъæд æмæ æмæ процедурæты фылдæр уыдис рагхыгъд фæлæ нæ уыдысты æнæсахъат. Сæрмагондæй банысан кæндзыстæм уыцы тасæфтауæг атмосферæ, кæцы уыдис бюирæ æвзарæнон фадыгы æддæйæ, активистты уым уæвынытыххæй.
Æвзæрстытæ ацыд æвзарæнон сæрфады фæлгæтты, кæцы бирæ хатт кастæуыд инклюзивон консультацион процессы фæрцы, фæлæ бирæ фарста уæддæр сыххæст кæнын хъæуы, уырдæм хауынц куыд медийы поляризаци, афтæ фарстаты æнæгъгъæдæй рагхыгъд кампанийы финансдзинады фæдыл, афтæма, æвзæрстгæнджытыл æлхъывд æмæ ма уый цæмæй хицаугæнæг партийы æмæ паддзахады æхсæн нæй дырыс дихгæнæг хахх. Ацы фарстатæ, кæцытæ мазх рабæрæг кодтам, æвзæрын кодтой æнæрæстæмбис архайадон аууæлттæ æмæ æндæвдтой æвзарæнон процессмæ æхсæнады æууæнкмæ» – фехъусын кодта Осман Аскин Бак.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, æмтгæй райсгæйæ æвзæрстгæнджытæ равдыстой сæрмагонд фæнд æмæ уый, цæмæй бæрнон сты демократийы æрдгæй.
«Сидын Гуырдзыстоны хицауадмæ, фидæн парламент нымайгæйæ, цæмæй ацы хыгъдлæвæрды бавдыст фарстатæ бадара йæ зæрдыл æмæ сæ æркæса.
Афтæма сидын алы политикон, кæнæ баст фарсмæ, цæмæй стыр бæрнæй архайæт дарддæры бонты æмæ куыриты дæргъы, афтæма конструктивонæй баиу уæт уæлæмхас реформæты эффективон сæххæсты. Ахæм тыхархайд æнæмæнгхъæугæ у Гуырдзыстонæн, цæмæй баххæсса прогрессмæ Евро-атлантикон интеграцийы фæндагыл. НАТО-ы парламентон ассамблей та дарддæр кæны йæ æххуыс Гуырдзыстонæн ацы тыхархайд сæххæст кæнынæн» – райхъусын кодта Осман Аскин Бак.