Ираклий Къобахидзе - Æвзæрстытæ цæуынц прецедент цæмæн нæй ахæм æддæйæ хитъыссыны фоныл, æдæйæ хитъыссын нæ бандавдзæн æвзæрстыты фæтиуджытыл, алчи дзæбх зоны чи -чи у уый, æмæ цæмæн сты ахæм хитъыссыны факттæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ парламентон æвзæрстытæ цæуынц прецедент цæмæн нæй ахæм, гуырымыхъхъ æддæйæ хифæкæныны фоныл, кæцы у æвзарæнон принципты тынг дырыс халын.
Къобахидзейы дзырдæй, зæгъгæ алцыппæт хъуамæ сырæза, цæмæй Гуырдзыстоны макуыуал æрыздæха авторитаризм æмæ агентурæйы хицаудзинад.
«Уый у тынг хъыгаг. Дзæбæх та уый у, цæмæй æддæйæ хифæкæнд нæ бандавдзæн, æппынфæстаг æвзаæрстыты фæстиуджытыл. Алчи зоны чи – чи у уый, цæй тыххæй у, уый нымæцы ахæм типы æддæйæ хитъыссыны факттæ. Демократийы фестивалæй куы хоныс мадзал, кæцыйыл ратыгъдтой Саакашвилийы нывтæ, уым бæрæг у, цæмæй æцæгæй Гуырдзыстоны чидæр архайы, ауадза авторитаризмы фестивал æмæ Гуырдзыстонмæ æрыздаха авторитаризм. Ацы авторитаризмы фæстыуæг уыд, уый нымæцы 2008 азы хæст. Алцыппæт хъуамæ саразæм уый тыххæй, цæмæ авторитаризм макуыуал æрыздæха Гуырдзыстонмæ, цæмæй агентурæйы хицаудзинад ма æрыздæха Гуырдзыстонмæ», – банысан кодта Къобахидзе.