НАТО-йы  уæнг  фæсарæн хъуыддæгты министртæ  27  апрелы  Брюсселы фембæлд сараздзысты
НАТО-йы уæнг фæсарæн хъуыддæгты министртæ 27 апрелы Брюсселы фембæлд сараздзысты

НАТО-йы  уæнг  фæсарæн хъуыддæгты министртæ  27  апрелы  Брюсселы фембæлд сараздзысты.

Министериалы  сæйраг темæ  у  организацийы  гом дуары политикæ.

Æддагполитикъон уагдæтты  къухдариуæггæнджытæ  æруынаффæ кæндзысты  аспирант бæстæты  прогрессы фæдыл.

Фæйнæ аспирант  бæстæйы фæдыл  хыгъдлæвæрды   æрцæттæ кæндзæн  генералон  нымæрдары  специалон  минæвар Джеймс Аппатурайи.  Ацы темæйыл  Йенс Столтенбергы специалон  минæвар  Хуссар Кавказ æмæ Централон Азийы, Фыццаг Къаналимæ фæныхас кодта.

Джеймс Аппаткрайи  загъта,  цæмæй  аспирантты æрдгæй  баххæсгæ  прогрессы  æмæ   уагъд реформæтыл  æрцæттæгонд  хыгъдлæвæрды  æркæсдзысты  дипломаттæ  æмæ гом дуары политикъæйы  æрдæм æмзæрдæ ахаст ноджы иу  хатт  фиксир кæнынц.

Июлы  саммиты онг  апрелы  министериал дипломатты фæстаг  фембæлд уыдзæн. НАТО-йы  саммит  Брюсселы  июлы  сырæздзæн.

Гуырдзиаг фарс  саммитыл  Гуырдзыстоны  прогрессы  адекватонæй  равдыстмæ æнхъæлмæ кæсы.