НАТО-йы парламентон ассамблей сфидар кодта æртæ резолюци, кæцыты Гуырдзыстоны евроатлантикон тырнынадты æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фарсдарыны фæдыл дзырдæуы
НАТО-ы парламентон ассамблей Коппенгагены уагъд фембæлдыл цалдæр резолюци сфидар кодта.
Резолюциты дзырдæуы уый нымæцы Гуырдзыстоны тыххæй, кæцыйы æвдыст у Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн фарсдарын.
Резолюци 485-ы «стабилондзинад æмæ æдадсзинад Сау Денджызы регионы Уæрæсейы Украинамæ æххæстмасштабон бырсты фæстæ» кæсæм ныффыстытæ Гуырдзыстоны тыххæй.
«Тызмæг фауæм Уæрæсейы æнæраст, æнæпровоциргонд, æнæзакъонон æмæ æбуалгъ хæст Украинайы ныхмæ, афтæ куыд Гуырдзыстоны регионты, Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны æнæзакъонон оккупаци, кæцы у Уæрæсейы Федерацийæ цæугæ æрвылбойнон, цæстæйуынгæ æмæ æргом æртхъирæн альянсы æдасдзинады æмæ Евроатлантикон тыгъдады сабырдзинады æмæ стабилондзинадмæ. Æмбарæм, цæмæй Уæрæсейы архæйдтытæ хахх кæнынц Сау Денджызы реионы райрæзгæ стратегион нысаниуæг Евроатлантикон æдасдзинадæн, куыд уый 2022 азы стратегион концепцийы у банысангонд æмæ æнæмæнгхъæугæ у æппæтылæххæссæг Сау денджызы стратегийы райтынг кæнын. Фауæм Уæрæсейы æроомæй фиксиргонд тырнынад, цæмæй сараза флотæн базæ Очачирейы, кæцы ис Уæрæсейы æнæзакононæй оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийыл. Фæнысангонд тырнынад тæссаг у Сау денджызы регионы фидæны дестабилизацидзинады цæстæнгасæй. Разы стæм альянсы архайдимæ, цæмæй хъæуындзинæдтыл æнцой пакет сфидар кæна НАТО-йы партнерты, кцытæ æддæ æндæвдады ныхмæ сегасдæр мæллæг сты, Босни-Герцоговинæ, Гуырдзыстон æмæ та ногæй сбæлвырд уæнт 2008 азы Бухаресты саммиты уынаффæ, ома Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы уæнг, уæнгсуæвыны архайадон планæй, куыд уæнгсуæвыны æнæдихаг хай. Хъæуындзинæдтыл арызт пакеты цырд имплементаци æрцæуæд Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн уæд, куыд адарддæр уыдзæн активаон фарсхæцын Гуырдзыстоны евроатлантикон тырнынадæн, афтæма фарсдарын уæнт НАТО-ы уæнгдзинадмæ Гуырдзыстоны арызт къахдзæфтæн реформæты бонвæткы ныууадзыны, сæ нымæцы сæйраг декмократон реофрмæты æм националон афæдзон программæйæ архайгæйæ» – дзырдæуы резолюцийы.
Афтæма, резолюци 487-ы «Вильнюсы саммиты уынаффæйы сæххæст» дзырдæуы, цæмæй резолюци ноджы иу хатт бæлвырд кæны æнæивгæ фарсдарын Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы территорион æнæхъæндзинадæн, суверенитетæн æмæ Гуырдзыстон æмæ Босни-Герцоговинæйы евроатлантикон интеграцийæн.
«Резолюци амоны НАТО-ы уæнгтæн, цæмæй рискуъы раз лæууæг партнерты, Босни-Герцоговинæйы, Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы Республикæйы æрдæм æххæстæй спайда кæной НАТО-ы фарсдарыны инструменттæй, цæмæй стынг кæной сæ фæразондзинад, сбæрзонддæр кæной æдасдзинад æмæ адарддæр уа реформæтæ æмæ адарддæр кæной Гуырдзыстоны æмæ Босни-Герцоговинæйы евроатлантикон интеграцийæн фарсдарын хъæугæ реформæты æрдгæй дарддæры прогрессмæ сидтæй» – банысангонд у иуæй-иу резолюцийы.
Уыимæ, резолюци 484 сиды НАТО-йы уæнг хицауадтæм æмæ альянсы уæнг бæстæты парламенттæм, адарддæр кæной аспирант Гуырдзыстонимæ, Босни-Герцоговинæимæ æмæ Молдовæйы Республикæимæ уæвæг æмгуыстады стынг кæнын.
«Бакусæт семæ интеграцийы æмæ фæразондзинад арæзтадæн, райтынг кæнæнт сæ иргъæфхъомаы фадæттæ, сæ политикон хæдбарады æмæ НАТО-йы Мадриды 2022 азы саммиты уынаффæтæмæ æмбæлгæйæ, хъæуындзинæдтæм гæсгæ арызт пакетæн фарсхæцынæй» – дзырдæуы резолюцийы.