Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады «армихоллы» абон «НАТО-Гуырдзыстоны ахуыр 2019» официалонæй байгом ис. Ахуыры байгом кодтой Гуырдзыстоны хъахъъхæнынады министры фыццаг хæдивæг Лела Чиковани æмæ НАТО-йы иугонд тыхты ахуыргæнæн центры (JFTC) сæрдары хæдивæг, бригадæйы инæлар Ладислав Юнг.
«НАТО-Гуырдзыстоны ахуыр 2019» сæргълæууæгон-штабон ахуыр у, кæцы 18-29 марты, «ахуыры æмæ аргълæвæрды центры (JFTC) ацæудзæн æмæ уым хайад райсдзæн 343 æфсæддон æмæ гражданон гоймаг.
«НАТО-Гуырдзыстоны ахуыр 2019» фыццаг иумæйаг бирæнацион бригадæйы æмвæзады» сæргълæууæгон-штабон ахуыр у, кæцыйæ къухдариуæг кæны Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтæ.
Ахуырæн йæ нысан у, Гуырдзыстоны, альянсы æмæ партнер бæстæты гарзджын тыхты кæрæдзиимæ æмбынатындзинад сбæрзонддæр кæнын æмæ Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты фæтк дæттын æмæ кантролы фадæттæ фæтынгдæркæнын.
Ахуыр афтæдæр бафæлвардзæн альянсы Non Article 5 кризистыл реагир кæныны æппæтылæххæссæг ахаст. Гуырдзыстоны хъахъъæнынады министрады информацийæ, процессы активонæй баст уыдзысты æхсæнадæмон æмæ æнæхицауадон организациты минæвæрттæ, кæцы ахъаз уыдзæн æфсæддон-гражданон æмæ куысткæнынад фæарфдæрæн.
«НАТО-Гуырдзыстоны ахуыо 2019» радæй дыккаг у, кæцы НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакетыв фæлгæтты (SNGP) æрцæудзæн уагъд. Пакет Гуырдзыстонмæ лæвæрд æрцыд 2014 азы Уэлсы уагъд НАТО-ы саммитыл. НАТО-Гуырдзыстоны иумæйаг ахуыр 2016 азы дæр ацыд.
«Фыццаг хатт у историйы мидæг, НАТО-Гуырдзыстоны ахуыр 2019»-ы сплан кæныны æмæ сæххæсты процессæн Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ JTEC-имæ иумæ кæй къухдариуæг кæны уый.
Гуырдзиаг фарсæн ахуыртæ сплан кæнын æмæ сæххæсты процессы ментортæ уыдзысты НАТО-йы трансформацийы сæрдарад (АСТ), НАТО-йы сурзæххон тыхты сæрдарад (LANDCOM) æмæ иугонд тыхты ахуыргæнæн центр (JFTC).
Раззаг ахуыртæй хъауджыйæ, мадзал ауæрæхдæр ис. Сæрмагондæй та, раззаг ахуырты хайад истой 14 бæстæ, æрмæст ацы аз та, 24 бæстæ исы хайад ( Албани, Бельги, Болгари, Чехы Республикæ, Германи, Дани, Эстони, Франц, Греци, Иугонд Паддзахад, Венгрий, Латви, Лиетувæ, Голланди, Норвеги, Польшæ, Португали, Румыни, Словаки, Турк, АИШ-æ, Азербайджан, Гуырдзыстон, Швеци).
Ахуырты афтæдæр активон баст уыдзысты æхсæнадæмон гуманитарон организацитæ – «Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитет» (ICRC), ИНО-йы сабырадон операциты департамент (DPKO) æмæ ИНО-йы дунейы æнæнизхъахъъæды организаци (WHO) цæтсдарджытæ», – банысангонд у Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады хъусинаджы.