НАТО æмæ Евроцæдисы уæнг 40 бæстæйы хъахъхъæнынады министрты фембæлдыл тæрхон кæнынц Украинайæн æфсæддон æххуысы фарстайыл
НАТО æмæ Евроцæдисы уæнг 40 бæстæйы хъахъхъæнынады министрты фембæлдыл тæрхон кæнынц Украинайæн æфсæддон æххуысы фарстайыл

Германийы, æфсæддон базæ  Рамштайныл  40 бæстæйы  хъахъъхæнынады министрты  фембæлд райдыдта.

НАТО-ы  æмæ Евроцæдисы уæнг бæстæты бæрзонд гæстæ, Украинайæн  æфсæддон æххуысы фарстайыл тæрхон кæнынц.  Бадзырдты агъоммæ  фидиуæн сарызта  АИШ-ы хъахъхъæнынады  нымæрдар, Ллойд Остин. Уый  райхъусын кодта, цæмæй   Украинайæн йæ  бон у  Уæрæсеимæ хæсты  фæуæлахиз уын.  Афтæма йæ дзырдæй,   украинаг  æфсæддæтты  уырыссæгтимæ  хæст бацæудзæн историмæ.  Уый ма бафтыдта, ома ацы  хæст  цæвиттойнаг хъуамæ уа  сæрибар Дунейæн.

«Украинайы  хæъуы  нæ  æххуыс абон æмæ  йæ бахъæудзæн  нæ  æххуыс  хæсты фæуды фæстæ  дæр.  Президент  Байден куыд   райхъусын кодта афтæмæй,   нæ æфсæддон  æххуыс  тæккæ сæрибардзинады фронты  хаххмæ  цæуы æрвыст, уыцы  хъæбатыр æмæ фæлтæрд украинаг  хæцджытæм, чидæриддæр ацы  фронты  хаххыл хæцынц. Нæ украинаг хæлæрттæ,  зонæм,  цавæр уæз  ис  уе уæхсчытыл æмæ  зонут сымах дæр, цæмæй  уын уæ фарс хæцæм, растæдр уый тыххæй стæм ам, цæмæй сфидар кæнæм  украинаг демократийы арсенал», –   райхъусын кодта Остин.

Хъахъхъæнынады министртæ  абон  райсдзысты фæлгæт-бадзырд, кæцымæ гæсгæ дæр Евроцæдисы æмæ НАТО-йы  бæстæтæ  Украинайæн   æфсæддон æххуыс рауæлдай кæндзысты  æмæ хæсты фæуды фæстæ  дæр  бæстæ ногæй  рацарæзты  баххуыс уыдзысты.

Украинайы   парнертæ фондз миллиард  доллары  æфсæддон æххусы мобилизаци  скодтой.