Натиа Турнава - фæнды мæ бузныг зæгъын Германийы хицауадæн Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн карантины æнæмæнг хъæуындзинад аивыны тыххæй
Экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава райы Германийы Федеративон Республикæйы уынаффæйæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, æнæмæнгхъæугæ карантин аивды фæдыл.
Дзырæдуы æмбæстæгтыл, кæцытæн ис барлæвæрд Германимæ балц кæнынæн, конкретон нысанæн, уыдзысты кусæн аууæлттæ, ахуырад райсын-адарддæр кæнын, хоскæнынад, 15 июнæй сын карантин арвитыны хæс аивдтой.
Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава Германийы экономикæйы æмæ энергетикæйы министрады парламентон паддзахадон нымæрдаримæ Томас Барайимæ дыууæ бæстæйы æхсæн авиацион змæлды æмæ туристон секторы æмгуыстад сног кæныны фарстаты, цалдæр боны размæ æркастысты. Онлайн фембæлдыл афтæдæр бавнæлдтой дыууæфарсон экономикон æмгуыстады æндæр приоритетон æрдæмадтæм.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд информацимæ гæсгæ, Германийы хицауады уынаффæйæ, «Ковид-19»-ы пандемийы тыххæй архайæг æвæрццаг уавæр нымайгæйæ, Гуырдзыстон нæ хауы Роберт Кохы институты публикацигонд уыцы бæстæты номхыгъдмæ, кæцытæ нымад цæуынц риск хæссæг бæстæтыл æмæ Германимæ ацы бæстæтæй ныццæугæ бæлццæттæ, æнæмæнг уагæй дæлбар сты карантин арвитын.