Натиа Турнава – Ныфс дарæм, нæ æххуысæй нæм уыдзæн, «Штадлеры» бынæттон завод
Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава зындгонд швейцариаг компани «Штадлеры» къорды президент Питер Шпулеримæ фембæлд.
Экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады информацийæ, фембæлдыл экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава, «Штадлеры» минæвæрттæн Гуырдзыстоны уæвæг стабилон, фидар бизнесæрдз æмæ уыцы уæлидзинæдтæ базонын кодта, цæмæй дæр Гуырдзыстонмæ æрцæугæ фæсарæйнаг инвестортæн сæ бон у спайда кæнын, сæ нымæцы Евроцæдисимæ арв æмæ æппæтылæххæссæг сæрибар базарадон бадзырды фæлгæтты, 2,3 миллиарды йас рæувадат Европаг базар.
Натиа Турнавайы фидиуæнæй, «Штадлер» гуырдзиаг базары ныры онг сæрмагонд конд вагонтæй ифтонг кодта æмæ рад тæндерты дæр уыдис баст, фæлæ нырид ис гæнæн семæ диалог райдайын фылдæр æмгуыстадыл, сæрмагондæй та Гуырдзыстоны завод байгом кæныныл.
Дунейы поездты аразæг лидер швейцариаг компани «Штадлер» 1942 азы æрцыд бындурæвæрд. Компанийы уæййагы бæрц у 3,46 миллиард доллары онг, дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæты та, сæ заводты æмтгæй райсгæйæ 10 900 адæймаг кусы.
Фембæлдыл уыдысты «Штадлеры» маркетингы æмæ уæйы æххæстгæнæг вице-президент Ансгар Брокмайер, ХПÆ-ы бæстæты маркетингы æмæ уæйы директор Матиас Штор, Гуырдзыстоны Швейцарийы минæвар Патрин Францен. Афæтæма агентад «Араз Гуырдзыстоны» директор Михеил Хидурели æмæ «Гуырдзыстоны Æфсæнвæндаджы» генералон директор Давит Перадзе.