Натиа Турнава – хицауады балы мидæг фæуынаффæ кæндзыстæм, цæмæй куыд баххуыс кæнæм ацы стыр проектæн
«Анаклиайы рæзынады консорциумæн» проекты сфинанс кæнын бацагуырды æппынфæстаг æмгъуыд сом фæуд кæны. Экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава дзуры, цæмæй хæсист æнæсыххæсты цауы, хицауады бал проекты сыххæсты æндæр фæндæгтыл уынаффæ кæнын райдайдзæн.
«Банхъæлмæ кæсдзыстæм райсоммæ. Иу бон ма баззад. Стæй мах фæуынаффæ кæндзыстæм хицауады мидæг, куыд ис гæнæн баахъаз кæнын ацы егъау проект, цææмй сæххæст уа. Ис æви нæ уæвæг инвестирдинадæн ресурс, цæмæй ацы проекты баззайа, æз мæхæдæг тынг дызæрдыг кæнын уый тыххæй. Дыууæ аз у практиконæй инвесторы æркуырдæй дарддæр кодта ацы процесс. Дыууæ азы дæргъы хицауад ахæцы æмгъуыдтæ æмæ æххуыс кæны инвесторæн. 2020 азы уалдзæджы нын хъуамæ уыдаит архайæг порт. Хъыгагæн, ацы конфигурацийæ, ацы инвесторимæ уый саразын нæ бантыстыис» – банысан кодта Турнава.