Натиа Турнава – Гуырдзыстоны авиацион базарыл архайæг 36 компанийæ, 18-æй тахтытæ сног кæныны фæндон равдыстой
Гуырдзыстоны фыццаг июлæй цæттæ уыдзæн æхсæнадæмон бæлццонтæ райсын. Абон экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады, министр Натиа Турнавайы къухдариуæгæй ацыд фембæлд фæнысангонд уагдоны системæмæ хаугæ транспортон сферæйы регулиргæнæг куыстыты къухдариуæггæнджытимæ.
Фембæлдыл æркастытсты туризмы сеткор скусын кæнынмæ цæттæдзинады процесс, конкретонæй та бæлццæтты æдас змæлдæн, æнæнизхъахъхъæды министрады рекомендациты æмблæгæйæ бакуыст куыд уæлдæфон, афтæ сурзæххон горæтты æхсæн транспортæй æмæ æфсæнвæндагæй, афтæдæр бæлццæтты транспортацийы бынæтты æмбæлгæ инфраструктурæ скусын кæнын.
«Абон мах æркастыстæм, куыд хъуамæ бацæттæ кæнæм алы транспортон фадыг уымæ, цæмæй максималонæй æдасæй, фæлæ кофортонæй бахъом уа, нæхи æмæ фæсарæйнаг æмбæст æгы ласын. Фехъусытам конкретон пълантæ. Сæрмагондæй нысаниуæгджын сты бадзырдтæ, кæцытæ уадзæм æндæр æмæ æндæр авиацион компаниимæ. 36 авиацион компанийæ, кæцытæ нæ базарыл архайынц, 18-имæ нырид рагафойнон бардзырд ис, кæцымæ гæсгæ, уыдон сног кæндзысты тахтытæ. Цæй зæгъын æй хъæуы, уый размæ уыд нæ дипломативон каналтæй æхсæнпаддзахадон бадзырдтæ æдас къæлидортæ скусын кæныны принципы фæдыл, фæлæ сегасдæр сæйраг уый у æмæ, авиакомпанитæ цæттæ сты фыццаг индикацимæ æмбæлгæйæ, сног кæной тахтытæ. Ардгæй та бæрæг у уый цæмæй мах цæттæ уыдзыстæм туристон сезон бакæнынмæ» – райхъусын кодта Натиа Турнава.
Министры дзырдæй, алы мидицинон гайдлайны æххæст кæнын уыдзæн нысаниуæгджын разæууæл уый тыххæй, цæмæй Гуырдзыстоны туристон сезон ног реалондзинады уавæрты байгом уа.
Информацийы ахæлиу кодта экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады мсинистрад.