Натиа Турнава -  бынæттон базар уый йас бафсæст  хæрзгъæд маскæтæй, æмæ ахицæн кодтам  сæ  экспортмæ  уадзын
Натиа Турнава - бынæттон базар уый йас бафсæст хæрзгъæд маскæтæй, æмæ ахицæн кодтам сæ экспортмæ уадзын

Гуырдзыстоны  кæнгæ  цы  у уый  æппæтæн къухаразæг уыдзыстæм  æмæ паддзахадон программæтæ дæр  фæнысангонд  хъуыддаджы стыр хайбавæрд кæнынц- уый фæдыл экономикæйы  æмæ   æнæфæцудгæ рæзынады  министр Натиа Турнава,  компани  «Нью Текнолоджи Импексы»  медицнон   нысаниуæгы  маскæты  кондад байгомы  фæдыл  комментарийы рæстæджы загъта.

Натиа Турнавайы  куырдиатæй,   цалдæр  мæйы размæ,  дуне æмæ   Гуырдзыстон дæр пандемийы  æртъхъирæны раз  куы  æрлæууыд, уæд Гуырдзыстон уыд  маскæты импортер бæстæ.  Фæлæ министры  дзырдæй, зæгъгæ   хицæн секторы  активон  хайбавæрды  фæрцы,  абон Гуырдзыстон  маскæты экспортер  бæстæйæ  ссис.

Экономикæйы министры информацийæ,  «Нью Текнолоджи Импекс»европаг  стандарттæм æмбæлгæ,  хæрзгъæд  маскæты  кондад у  Гуырдзыстоны, кæцы, сегасдæр нырыккон,   стандарттæм æмбæлгæ  апаратурæйæ  ифтонгггонд дыууæ  кондадæй  архайы.  Кондад  æххæст ахадæнæй  мæйы  мидæг  12  милуаны бæрц  маскæ  уадзы.