Натиа Турнава - бынæттон базар уый йас бафсæст хæрзгъæд маскæтæй, æмæ ахицæн кодтам сæ экспортмæ уадзын
Гуырдзыстоны кæнгæ цы у уый æппæтæн къухаразæг уыдзыстæм æмæ паддзахадон программæтæ дæр фæнысангонд хъуыддаджы стыр хайбавæрд кæнынц- уый фæдыл экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава, компани «Нью Текнолоджи Импексы» медицнон нысаниуæгы маскæты кондад байгомы фæдыл комментарийы рæстæджы загъта.
Натиа Турнавайы куырдиатæй, цалдæр мæйы размæ, дуне æмæ Гуырдзыстон дæр пандемийы æртъхъирæны раз куы æрлæууыд, уæд Гуырдзыстон уыд маскæты импортер бæстæ. Фæлæ министры дзырдæй, зæгъгæ хицæн секторы активон хайбавæрды фæрцы, абон Гуырдзыстон маскæты экспортер бæстæйæ ссис.
Экономикæйы министры информацийæ, «Нью Текнолоджи Импекс»европаг стандарттæм æмбæлгæ, хæрзгъæд маскæты кондад у Гуырдзыстоны, кæцы, сегасдæр нырыккон, стандарттæм æмбæлгæ апаратурæйæ ифтонгггонд дыууæ кондадæй архайы. Кондад æххæст ахадæнæй мæйы мидæг 12 милуаны бæрц маскæ уадзы.