Натиа Турнава - Æввахс бонты аскуыдздзаг кæндзыстæм «Визэары» регулярон тахтытæ, этапгай сног кæнын, афтæдæр цæуынц бадзырдтæ «Райанэаримæ»
Æввахс бонты рахæсдзыстæм уынаффæ, «Визэары» регулярон тахтыты, тынг арæхсгай æмæ этапгай сног кæныны фæдыл, бæрæг æдас æрдæмадтæй, – уый фæдыл Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Туранва фехъусынк одта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, афтæдæр цæуынц бадзырдтæ авиакомпани «Райанэаримæ».
«Мах дзырдтам æмæ ныр дæр хъусын кæнæм, Гуырдзыстон адаптацийы этапмæ кæй ахызтис, уый тыххæй. Афтæмæй бæрæг у уый æмæ карз арæнæвæрдты бæсты, хъавæм пандемиимæ цæрын. Нæ экономикæ кусдзæн пандемимæ æнæкæсгæ, параллелонæй æмæ уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, нысан кæны, арæнты фылдæр байгом. Ныр карантины рæстæгимæ абаргæйæ, активонæй дæр пайда кæнæм «PCR» тесттæй. Зондзыстут æй, цæмæй цъæх зонæйы бæстæтæй æрцæугæ визиторты æнæмæнгæй бавдисынц «PCR» тесты фæстиуджытæ. Уый руаджы, нæ æмбæстæгтæн, иуы æрдгæй, къаддæр кæны импортиргонд цауты риск. Абоны бон нын практиконæй минимумы онг фæкаддæр кодта импортиргонд цаутæ, фæлæ афтæдæр этапгай бафæлвардзыстæм тахтытæ дæр. Дæнцæн, сентябрмæ 90-æй фылдæр тахт у плангонд. Æввахс бонты рахæсдзыстæм уынаффæ, «Визэары» регулярон тахтыты, тынг арæхсгай æмæ этапгай сног кæныны фæдыл, бæрæг æдас æрдæмадтæй. Уый фæдыл уын фæстæдæр фехъусын кæндзыстæм, уынаффæ куы рахæсдзыстæм, уæд. Афтæма цæуынц тынг активон бадзырдтæ «Райанэаримæ» цæмæй цавæр ранывæзтæй сног удызщæн тахтытæ уыдонимæ азы аз, кæй зæгъын æй хъæуы, уый дæр сæххæст уыдзæн», – райхъусын кодта Натиа Турнава.