Гуырдзыстонæн æрфдойнаг порт иттæг нысаниуæгджын у, – загъта Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава.
Турнавайы дзырдæй, зæгъгæ, кæд æмæ Анаклиайы рæзынады консорциум, бæлвырд æмгъуыдтæм нæ бавдисдзæн порты финансдзинады гарантитæ, уæд хицауадон бал проекты сæххæсты æндæр фæрæзтыл райдайдзæн уынаффæ кæнын.
«Нæ мæ фæнды фæзындты раздæр цæуын, æнæкæсгæ уымæ, æмæ цалдæр бон ма баззадис инвесторы бæрæг дедлайны кæронмæ, уæддæр мæ нæ фæнды развæлгъау ныхас кæнын. Банхъæлмæ кæсæм, формалон дедлайн æрлæууæт æмæ стæй цæй зæгъын æй хъæы, хицауадон балл æрымбырд уыдзыстæм æмæ фендзыстæм, цы хъуамæ саразæм уый тыххæй, цæмæй ацы æнæмæнгхъæугæ проект сæххæст уа. Тынг байрæджы кодтам ацы проект. Инвесторы æркуырдæй 2017 азæй фæстæ æмгъуыд æргъæвд цæуы. Фыццаг æмгъуыдтæм гæсгæйæ, фидæн аз фыццаг этап хъуамæ уыдаит æххæст æмæ æрфдойнаг порт нын уыдаит. Хъыгагæн, афтæ не рцыд», – банысан кодта Натиа Турнава.
Министры куырдиатæй, Анаклиайы порт тынг стратегион æмæ приоритетон проект у. Афтæма Гуырдзыстоны портыты абон уаргъты зилдух рекъордонæй райрæзтис.
Абон фæуд кæны астæуккаг æмгъуыд, «Анаклиайы рæзынады консорциум» банкъытимæ къухæвæрд кредитон бадзырдтæ хъуамæ бавдиса. 31 декабр та у æппынфæстаг æмгъуыд, консорциум хъуамæ æрбаласа куыд сæрмагонд капитал, афтæ бафысса æмбæлон бадзырд иæ порты арæзтад кæронмæ сыххæст кæнынæн.