Натиа Мезвришвили - Панкисы полици архайдта аккагæй, закъон хъахъхъæнгæйæ, бынæттонты архæйдтæ та закъоны фæлгæттæй ахызтысты
Дурты æхсын сраст кæнын гæнæн нæй æмæ фарст зæгъгæ бæрн хатут æви нæ, цы нысан хæссы, полици цы разнаггад кодта? – уый фæдыл журналисттæн мидхъуыддæгты министры хæдивæг Натиа Мезвришвили загъта, кæцы Панкисы Комы айтынггонд процессты кой кодта.
МЕзвришвилийы дзырдæй, полици закъоны домæнты æххæстæй хъаххъæнгæйæ архайдта.
«Алчи дзæбæх æмбарæм, цæмæй Панкисы Комы айтынггонд процесстæ тынг сенситивон фарста у. Полици закъоны домæнты æххæстæй хъахъъхæнгæйæ архайдта. Гæнæн ис эксперттæм, специалисттæм æмæ прокуратурæмæ, кæмæндæр гæнæн ис æндæр хъуыды ис, фæлæ нæ позици у ахæм æмæ полици архайдта аккагæй, закъоны домæнтæм æмбæлгæйæ, цæй тыххæй дæр ацы адæймæгтæ арфæйаг сты. Цыдæриддæр та формалон процедурæмæ æххæссы, барадон процедурæтæ цæуынц уагъд, бынатыл сты барадхъахъхъæнджытæ, бæрæг фæдæвзарæн мадзæлттæ цæуынц. Процессы, закъоны домæнтæм æмбæлгæйæ, фæд-фæдонæй æххæст кæнæм. Сусæгвæндтыл Ныхас раст нæ уыдзæн, уæлдайдæр телеуынынадæй, бæлвырдгæнæнтæй цух. Ныхас уыйæ фæдыл цæмæй полици кæмдæр йæ барты сæрты ахызт æмæ цыма полицимæ æхсæнгарз ма хъуамæ уыдаит, резинæйæ нæмгуытæй ма спайда кодтаит, алы архайд кæцыдæриддæр полици сæххæст кодта, закъоны фæлгæтты уыд» – райхъусын кодта Натиа Мезвришвили.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, æмбæстæгты архæйдтæ закъоны фæлгæттæй ахызтысты æмæ вæццæгæн уый фæдыл фарстытæ дæр ма хъуамæ уайид.
«Æндæр цауты куыд уыд, афтæ бацархайдзыстæм фæд-фæдонæй æмæ барадон процедурæтæм æмбæлгæйæ. Панкисы Комы полици адæймæгты æдасдзинад бахъахъæнынæн уыд. Сæрыфыццагæй бынатыл уыд 35 полициаг æмæ уæлæмхас тыхты баконд уый фæстæ æрцыд, полицимæ физикъонæй куы фæбыцæу ис уым уæвæг адæймæгты бæрæг хай, кæцы тынг хъыгаг факт у. Уый бæлвырдгæнæг видео-æрмæг ис, уый алчидæр дзæбæх зонут. Дуртæ æсхтæн сраст кæнын гæнæн нæй, æмæ фарст зæгъгæ бæрн хатут æви нæ, цы нысан хæссы? – полици цы разнаггад кодта? – уым цы æрцыд уый уыдис тынг хъыгаг факт. Ист уынаффæ, сырæзт ситуацийы сегасæй хуыздæр рацæуæн уыд, полици йæхи аккаг дартта, барадон нормæты саст не рцыд, полицийы уым уæвынæн уыд барадон бындур, уымæн æмæ экономикæйы министрад нæм æрбасидтис æмæ ацы фарстайы ныхас ацы жтапыл йæ кæронмæ æрцыд» – райхъусын кодта Натиа Мезвришвили.