Натиа Мезвришвили – Инфицирады  цауты рæзтмæ æнæкæсгæ, системон  арæнæвæрдтæ нæ фидар кæнæм
Натиа Мезвришвили – Инфицирады цауты рæзтмæ æнæкæсгæ, системон арæнæвæрдтæ нæ фидар кæнæм

Хицауады  администрацийы  хистæр  Натиа Мезвришвилийы   фидиуæнæй,  Гуырдзыстоны  афтæ куыд  дунейы,  коронавирусæй инфицирады  цаутæ  фылдæр кæнынц. Афтæма йæ ныхæстæм æгсгæ,   зæгъгæ Гуырдзыстоны,  фæфылдæры  тенденцийы адардæр æнхъæлмæкæсинаг у,  фæлæ системон   арæнæвæрдтæ  нæ  пълан кæнынц, фæлæ ма  ныхас цæуы  ранæй-рæтты бахъуаджы  цауы арæнæвæрдтæ  сфидар кæнын.

Натиа Мезвришвилийы   фидиуæнæй,   нысаниуæгджын  у элементарон  регуляцитæ  æххæст кæнын, цахæм дæр у   маскæ дарын æмæ дистанци хъахъхъæнын.

«Максималонæй   архаййæм, баланс бахъахъхæнын, иуы æрдгæй  бахъахъхъæнæм æмбæстæгты цард æмæ æнæниздзинад,  иннæ æрдгæй  та,  куыд гæнæн ис,  афтæ къаддæр зиан æрхæссын  экономикæйæн, цæмæй   посткризисон  периоды  нын уа   цырд сæндидзыны  ресурс.  Ацы æрдгæй   позитивон  тенденцитæ нын уыд æмæ  максималонæй  архайæм  тенденцитæ ма фесафын.  Зондзыстут æй,  ивгъуыд къуырийы  ацыд премьеры  фембæлдтæ  ставд   куыстдæтджытимæ,  ассоциацитимæ, уым уыд  куыд  астææуккаг,  афтæ  лыстæг бизнесы  минæвæрттæ,  афтæма уыцы фембæлдыл æмхъæлæсонæй  загъдæуыд, цæмæй  растдæр баланс бахъахъхъæныны фæрцы  нын уыдзæн   фадат,  куыстбынæттæ  бавæрын, кæцы иттæг нысаниуæгджын  у   вирусы   дыккæг уылæнимæ тохы  процессы.  Ацы  нысанмæ æрцæуын  гæнæн ис  элементарон  уаг æххæстгæнгæйæ,  маскæ дарын æмæ  дистанци хъахъъхæнгæйæ», –  райхъусын кодта Натиа Мезвришвили.