«Намахванийы» ныхмæ акцийы хайадисджытæ компани «Энка»-йы иуæй-иу офосиы æрдæм фæцæуынц
Гуматы цæрæн пунктæй «Намахванийы» ныхмæ акцийы хайадисджытæ проекты æххæстгæнæг компани «Энка» иуæй-иу офисы рдæм фæцæуынц.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы журналист бынатæй куыд хъусын кæны, афтæмæй, акцийы хайадисджытæ протест уым адарддæр кæндзысты.
Бакой уын кæндзыстæм, абон Гамты цæрæн ран, «Намахванийы» ныхмæ акцийы хайадисджыты æмæ барадхъахъхъæнджыты æхсæн чысыл быцæудзинад æрцыд. Уыдон хъæу Намахванимæ бацæуыны бар куырдтой, цæмæй адарддæр кодтаиккой протест æмæ барадхъахъхъæнджытæ цы æфсæйнаг æмбондтæ æрывæрдтой, уыдон атыдтой.
Уыимæ иумæ, цъус рæстæг размæ Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад ахæлиу кодта фидиуæн, кæцыйы банысангонд у, цæмæй уагдон нæ бауадздзæн Рионы комы протест тыхон сценарийæ айтынг уа æмæ карз реакци йын уыдзæн фæтксасты кæцыфæнды фактыл. Пъæлицæй сиды æмбæстæгтæм, ма рахизæт хъуыды равдысты сæрибары закъонæй бæрæг фæлгæттæй, бакоммæкæсæт пъæлицæйы æркуырдтæм.