Нациналон Банк – «ВТБ Банк Гуырдзыстоны»   юридикон уæнгты депозитты æмæ кредитты бæрæг хай  ахиздзæни «Либерти Банкмæ»
Нациналон Банк – «ВТБ Банк Гуырдзыстоны» юридикон уæнгты депозитты æмæ кредитты бæрæг хай ахиздзæни «Либерти Банкмæ»

Гуырдзыстоны  националон банк  финансон  секторы  цæугæ ивдтыты фæдыл  фидиуæн ахæлиу кодта.

Фидиуæнмæгæсгæйæ, Украинайы  Уæрæсейы  цы хæст райдыдта уый фæстæ   уагæвæрд   санкцитæ аххæссыдысты  Гуырдзыстоны  архайæг  «ВТБ Банк Гуырдзыстонмæ» дæр.

«ВТБ Банк Гуырдзыстоны» æмæ «Базис Банк»-ы æхсæн баххст ис бадзырд, кæцымæ гæсгæ дæр, «ВТБТ Банк Гуырдзыстоны»  уæвæг физикон уæнгты  æфснайæн  хыгъдтæ æмæ  кредиттæ  ахызтысты  Базис Банкмæ.  Фæнысангонд уæнгты интересты максималонæй  хъахъхъæды æмæ  ифтонгадæн,  консультацитæ  финансон  секторы  минæвæртты æхсæн  адарддæр сты. Консультациты фæстиуæгæн  «ВТБ Банк Гуырдзыстоны « æмæ  «Либерти Банкы» æхсæн   баххæст ис  бадзырд, кæцымæ гæсгæ дæр «ВТБ Банк Гуырдзыстоны»  юридикон  уæнгты  депозитты æмæ кредитты  бæрæг хай  ахиздзæнис «Либерти банкмæ».  «ВТБ Банк  Гуырдзыстоны»  пайдагæнджытæн  фæнысангонд банктæ  деталон   информаци индивидуалонæй дæттынц» дзырдæуы  фидиуæны.