Мониторингы  комитеты æмраныхасгæнджытæ – Гуырдзыстоны  хицауадæн йæ бон у  бахъуаджы цауы, фокусиргонд уа закъондæттæн фæлгæтты  сфидар кæныныл æмæ уый саразæд Евросоветимæ æнгом æмкуыстгæнгæйæ
Мониторингы комитеты æмраныхасгæнджытæ – Гуырдзыстоны хицауадæн йæ бон у бахъуаджы цауы, фокусиргонд уа закъондæттæн фæлгæтты сфидар кæныныл æмæ уый саразæд Евросоветимæ æнгом æмкуыстгæнгæйæ

Евросоветы парламентон ассамблейы  мониторингы  комитеты æмраныхасгæнджытæ  сидынц Гуырдзыстоны  хицауадмæ, аива  «фæсарæйна æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закон.

Евросоветы парламентон ассамблейы  веб-фарсыл  публикацигонд  фидиуæны  банысангонд у, цæмæй  Венецийы Комисси публикаци куы  скодта «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзнады «фæдыл закъоныл   рекомендацитæ, Евросоветы  парламентон ассамблейы  мониторингы комитеты   Гуырдзыстоны  фарстатыл æмраныхасæнæг Калуд  Керн æмæ Эдит  стрела  æрсидтысты  хицауадмæ закон аивынмæ.

«Нæ гуырдзиаг коллегæтæ  нæ ракуырдтой  легалон  аргументты бавдисын  уыцы сагъæсты  тыххæй, кæцытæ нæм ис  «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл»  закъонмæ гæсгæ.  Ацы аргументтæ  ныр сæм уыд  лæвæрд  Венецийы  Комиссийы  æмхъæлæсонæй  лæвæрд  рекомендациты  хуызæй, кæцыйы æркуырдта  ассамблейы президент.  Уымæ æмбæлгæйæ  дæр,  нæ сидт хицаугæнæг партимæ  у, ма ахиза президент ветойы  сæрты æмæ аивæд  закъон  уый Венецийы Комиссийы рекомендацийы  куыд дзырдæуы,  афтæ», – хъусын кæнынц Евросоветы  парламентон ассамблейы  уæнгтæ.

Фидиуæны  ноджы иу  хатт  у банысангонд, цæмæй Венецийы  Комиссийы  рекомендацитм гасгæйæ, Гуырдзыстонæн нырид ис  æппæтылæххæссæг  заъкондæттæн фæлгæт, кæцыййы фæрцы  цæуы  æнæхицауадон организациты æмæ медиайы  финансдзинады  регуляци. Æмраныхасгæнджыты  хъуыдымæ гæсгæйæ,  хицауадæн йæ бон у  фокусиргонд уа  ацы уæвæг закъондæттæн фæлгæт  сфидар кæныныл, кæд  уый объективонæй хъæуындзинад ис æмæ уый сараза Евросоветимæ æнгом æмкуыстгæнгæйæ.

«Мах цæттæ стæм  адарддæр кæнæм диалог Гуырдзыстоны хицауадимæ æмæ  дзыллæимæ   ацы фарстайыл Гуырдзыстоны  мониторингы процедурæйы  фæлгæтты», –  дзырдæуы фидиуæны.

Уыимæ, фидиуæны фыси  ис, цæмæй  Евросоветы  парламентон ассамблей ауадздзæн дебаттæ  Гуырдзыстоны  демократийы расидтыты фæдыл, кæцы Вильнюсы 24  майы  плангонд Евросоветы парламентон ассамблейы   иудадзыгархайæг  комитеты фембæлды фæлгæтты  ацæудзæн.