Молдовæ уырыссаг  информацион алæвæрдты æмæ æфсæддон фильмты равдыстыл тобæ сывæрдта
Молдовæ уырыссаг информацион алæвæрдты æмæ æфсæддон фильмты равдыстыл тобæ сывæрдта

Молдовæйы уырыссаг информацион   алæвæрдты æмæ æфсæддон  фильмты  равдыстыл тобæ  сывæрдтой.

Æмбæлгæ  бардзырдыл  бæстæйы президент Майя Санду   бафыста къух.  Тобæ  афтæдæр æххæссы алы  уыцы бæстæмæ,  кæцытæ трансрæйнон телеуацхæссынады  конвенци  ратификаци не скодтой.

Молдовæйы телерадио советы сæрдар  Лилиана Вицуйы  фидиуæнæй,  закъон иннæ  къуырийы бахиздзæн йæ тыхмæ  æмæ  пропагандæ  бирæ  карздæр æфхæрд цæудзæн.  Вицу дзуры, цæмæй Украинайы  хæст тыхыбын бакодта  хицауад, карздæр мадзæлттæ  райсын  фæсарæйнаг пропагандæйы ныхмæ.