Молдовæ уырыссаг информацион алæвæрдты æмæ æфсæддон фильмты равдыстыл тобæ сывæрдта
Молдовæйы уырыссаг информацион алæвæрдты æмæ æфсæддон фильмты равдыстыл тобæ сывæрдтой.
Æмбæлгæ бардзырдыл бæстæйы президент Майя Санду бафыста къух. Тобæ афтæдæр æххæссы алы уыцы бæстæмæ, кæцытæ трансрæйнон телеуацхæссынады конвенци ратификаци не скодтой.
Молдовæйы телерадио советы сæрдар Лилиана Вицуйы фидиуæнæй, закъон иннæ къуырийы бахиздзæн йæ тыхмæ æмæ пропагандæ бирæ карздæр æфхæрд цæудзæн. Вицу дзуры, цæмæй Украинайы хæст тыхыбын бакодта хицауад, карздæр мадзæлттæ райсын фæсарæйнаг пропагандæйы ныхмæ.