Мохамед Али Рашед Алабар - Дыууæ инвестицион проекты иумæйаг аргъ уыдзæн æхсæз миллиард доллары бæрц, кæцы бынæттон экономикæйыл æртæ кæнæ цыппар хатты фылдæр позитивон æндæвдад æрхæсдзæн
«Стыр кад у, цæмæй мæ 31 азы масштабон размæцыды фæлтæрддзинадимæ Гуырдызстоны, Тбилисы æмæ Батумы базонгæ уæвыны фадат мын ис. Фæстаг 35 азы дæргъы кусын дунейы 15 бæстæйæ фылдæры. Фыццаг хатт Тбилисмæ куы æрцыдтæн, уæд мæ зæрдæмæ æцæгæйдæр фæцыдысты йæ адæмы рæсугъддзинад, йæ æрдз æмæ йæ архитектурæ. Дæ хæринæгтæ дæр сты иттæг хорз. Уæд бахæццæ дæн Батуммæ æмæ мæ дисы бафтыдта йæ энерги, йæ рæсугъддзинад. Батумы æмæ Тбилисы масштабон инвестициты хуызы, хайад райсын æмæ цыдæр зонындзинæдтæ бахæссыны фадат мын уыд. Æз афтæ куыстон æнæхъæн мæ цард, стыр проекттыл. Уымæ хауынц хæдзæрттæ, фатертæ, фæндæгтæ, уазæгдæттæ, стæй хæрзарæзтад, хæрæндæттæ, сывæллæттæн хъазæн фæзтæ, тренажерон залтæ аразын. Цы тынгдæр мæ зæрдæмæ цæуы Гуырдзыстоны, уый у йæ энерги, экономикон стабилондзинад, æмæ Гуырдзыстоны экономикон рæзт. Ахæм егъау проекттæ æндавынц бынæттон экономикæйыл. Ацы проекты фæрцы мах фылдæр кæнæм æмтгæйон мидпродукт 2-4 проценты онг. «Уый нымæцы куыст арæзтады рæстæджы æмæ арæзтады фæстæ», — загъта Мохамед Али Рашед Алабар.