МХМ-ы информацийæ,  Верейыл æрцæугæ марындзинад баст у маст исынимæ
МХМ-ы информацийæ, Верейыл æрцæугæ марындзинад баст у маст исынимæ

Фæдагуырды  ацы этапыл   Верейыл  æрцæугæ  марындзинады  мотивæй  кастæуы  маст сисын – уый фæдыл  Фыццаг Къаналæн  фехъусын кодтой  мидхъуыддæгты министрады.

«Цæугæ азы 11 марты, Тбилисы, Татишвилийы  уынгыл,  сæрмагонд  цæрæн хæдзары,  1957 азы  гуырд  ивгъуыды  тæрхонмæ бирæ хæттыты лæвæрд  Г.Рю-йы  мардæй  ссардтой.   Уыйы  æнхълцау фехстой æхсæнагазæй»  хъусын кæнынц МХМ-ы.

Уагдоны  хъусинагæй,  фактыл  хъуыддаг рæгъмæ хаст æрцыд   Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады  кодексы  108-æм,  барæй  марындзинады статийæ.

Бакой уын кæндзыстæм,  Тбилисы  Татишвилийы уынгыл, нæлгоймагы ссардтой  мардæй.