МХМ - Тбилисы Украинæйы авд æмбæстагы æрцахстой æхсæнгарзы æмæ рæмудзæн гарзæгты балхæд-бавæрыны тыххæй
Мидхъуыддæгты министрады информацийæ, Тбилисы, спецоперацийы фæстиуæгæн æрцахстой Украинæйы авд æмбæстагы.
Уый фæдыл Фыццаг КЪаналæн уагдонæй фехъусын кодтой.
«Тбилисы, Лихаурийы уынгыл ахст æрцыдысты Украинæйы авд æмбæстаг, тугтæрхоны барады кодексы 236-æм статийы 3-аг æмæ 6-æм пунктытæм гæсгæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары къордгай æхсæнгарзы, хæцæн æрмæгы, рæмудзæн мигæнæнты кæнæ рæмудзæн гарзæгты æнæзакъононæй балхæд, бавæрын» – банысангонд у МХМ-ы информацийы.