МХМ - парламенты размæ цæугæ акцийы рæстæджы администрацион æгъдаусасты тыххæй ахст æхсæз æмбæстагæй иу у агуырды уæвæг æмæ иу та дзырдæй зылынджын уæнг
Мидхъыддæгты министрад парламенты размæ цæугæ акцийы рæстæджы администрацион æгъдауæй цы æхсæз æмбæстагы æрцахста уыдонæй иу у агуырды уæвæг æмæ иу та дзырдæй зылынджын уæнг з- фæнысангондмæ гæсгæ информацийы хæлтиу кæны МХМ.
Уагдоны хъусинагæй, кæрныхдзинады тыххæй агуырды уæвæг 1994 азы гуырд И.А. æмæ дзырдæй зылынджын 1994 азы гуырд Г.А.-ы полици парламенты бæстыхайы размæ æвæрд цатыры, акцийы хайадисджыты æхсæн быцæудзинады рæстæджы æрцахста.
Министрады ахæлиугонд информацийæ, патрулон полицийы департаменты кусджытæ цæугæ азы 11 июны Тбилисы, Руставелийы проспектыл, рпарламенты бæстыхайы цур уагъд акцийыл полициагы закъонон æркуырдмæ æнæкоммæгæсдзинады фактыл, Гуырдзыстоны администрацион фæткæвæрдсасты кодексы 173-æаг статийæ æрцахстой æхсæз уæнгы.
Министрады фидиуæны мидæг куыд у банысангонд афтæмæй, фæнысангонд ахстгонд И.А. Тбилисы полицийы департаменты Ваке-Сабурталойы уагдоны æрдгæй цæугæ азы 5-æм июнæй къæрныхдзинады аххосагæй уыдис агуырды Г.А. та 2016-æм азы къæрныхдзинады аххосагæй у тæрхонмæ лæвæрд æмæ ныр, бадзырдон æфхæрды æмгъуыд æрвиты.
Инцидент Руставелийы проспектыл æвæрд цатыры цалдæр сахаты размæ æрцыд.