Мидхъуыддæгты министрады æрцæттæгонд закъонопроект – Марихуанайæ пайда кæныны знаггадгæнæг æндæвдадæй дзыллæ баиргъæвынæн, Гуырдзыстоны парламент æртыккаг кастæй сбæлвырд кодта.
МХМ-ы хъусын кæнынц, цæмæй ног закъонмæ гæсгæйæ, марихуанайæ пайда кæнын тынг карз барадон фæлгæттæм хаст æрцыд, сæрмагондæй та:
Тобæгонд у марихуанайæ пайда кæнын дзыллæйы æмбырды бынæтты, æхсæнадон транспорты, скъолаты æмæ ахуыргæнæндæтты алфæмбылай территорийыл;
Наркотиктæй пайда кæнынæй знаггадгæнæг æндæвдадæй æнахъомты бахъахъхъæнынæн , марихуанайæ пайда кæнын фæтобæ уыдзæн 21 азы кары онг уæнгтæн;
Афтæма 21 азы онг кары уæнгы баласын наркотикон фæрæзтæй пайдакæнынмæ, тугтæрхоны барады фыдракæнд у;
Марихуанайæ пайда кæнын тобæгонд у кусæн æххæстбарты сæххæсты рæстæджы, куыд хицауадон гæстæн – афтæ хицæн секторы кусæг уæнгтæн;
Марихуанайæ пайда кæнынæн ног закъон йæ хъуыдыйы дары æмбæстагон барты, уый нымæцы, бæрæг профессийы адæймагæтæн профессион куысты бар байсын№
Райрæзтис санкци наркотикон фæрæзы, уый нымæцы марихуанайæ пайда кæныны популяризацийы кæнæ рекламирдзинадæн;
Тугтæрхоны барады æгъдауæй æфхæрд цæудзæн транспортон фæрæзы тæрын кæцыфæнды наркотикон фæрæзы, сæ нымæцы марихуанайы клиникон уæлæндæвды бын уæвгæйæ.
Закъонопроектæй ивд не рцыд марихуанайы дарын æмæ реализацийы æрдæм архайæг регуляци.