МХМ    Ломтатидзейы уынгыл   марындзинады  аххосджыны æрцахста
МХМ Ломтатидзейы уынгыл марындзинады аххосджыны æрцахста

МХМ  Тбилисы  Ломтатидзейы уынгыл   æрцæугæ марындзинады  факт  бакодта,  – уый фæдыл  абоны брифингыл  мидхъуыддæгты министрады  централон криминалон   полицийы   депатаменты   организацигонд  фыдракæндимæ  тохы  сæйраг уагдоны хистæр Мамука  Чъелидзе райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, оперативон-агурæн  архæйдтыты фæстиуæгæн  барæй марындзинады  аххосагæй  ахст æрцыд  иу гоймаг.   Фыдракæнд  йæ хъуыдыйы  дары  7-æй  15 азы онг æмгъуыдмæ   ахстæй  æфхæрд.

«Фæдагуырдæй  фæбæрæг, цæмæй   цæугæ азы  4 февралы, Тбилисы  Чъола Лоомтатидзейы  уынгыл, ивгъуыды   конфликты  бындурыл,  маст сисыны   мотивæй,  зонгæ уæнг  1980  азы гуырд  Д.К.-ы  цауы  бынатыл  амардта автоматон  æхсæнгарзæй  фехсгæйæ.   Зылынмæ лæвæрд   цауы бынатæй  алыгъдис, фæлæ йæ барадхъахъхъæнджытæ  цалдæр сахатмæ  Тбилисы æрцахстой.  Фæдагуыд  цæуы  барæй марындзинады, æхсæнгарз æмæ   хæцæн æрмæгы   æнæзакъононæй  балхæд-бавæрыны  фактыл, тугтæрхоны барады  кодексы  108-æм   æмæ 236-æм  статитæй» –  расидтис Мамука Чъелидзе.