МХМ Тбилисы Ломтатидзейы уынгыл æрцæугæ марындзинады факт бакодта, – уый фæдыл абоны брифингыл мидхъуыддæгты министрады централон криминалон полицийы депатаменты организацигонд фыдракæндимæ тохы сæйраг уагдоны хистæр Мамука Чъелидзе райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, оперативон-агурæн архæйдтыты фæстиуæгæн барæй марындзинады аххосагæй ахст æрцыд иу гоймаг. Фыдракæнд йæ хъуыдыйы дары 7-æй 15 азы онг æмгъуыдмæ ахстæй æфхæрд.
«Фæдагуырдæй фæбæрæг, цæмæй цæугæ азы 4 февралы, Тбилисы Чъола Лоомтатидзейы уынгыл, ивгъуыды конфликты бындурыл, маст сисыны мотивæй, зонгæ уæнг 1980 азы гуырд Д.К.-ы цауы бынатыл амардта автоматон æхсæнгарзæй фехсгæйæ. Зылынмæ лæвæрд цауы бынатæй алыгъдис, фæлæ йæ барадхъахъхъæнджытæ цалдæр сахатмæ Тбилисы æрцахстой. Фæдагуыд цæуы барæй марындзинады, æхсæнгарз æмæ хæцæн æрмæгы æнæзакъононæй балхæд-бавæрыны фактыл, тугтæрхоны барады кодексы 108-æм æмæ 236-æм статитæй» – расидтис Мамука Чъелидзе.