МХМ- Кутаисы, «Гуырдзыстоны Банкъы» филиалы амынæты сты 12 гоймагы, уагъд цæуы алы хъæугæ мадзæлттæ сæ тагъд æмæ æдасæй ссæрибар кæнынæн
МХМ-ы информацийæ, Кутаисы, «Гуырдзыстоны Банкы» филиалы амынæты сты 12 уæнгы.
МХМ-ы фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, барадхъахъхъæнджытæ алы хъæугæ мадзал кæнынц сæ тагъд æмæ æдасæй ссæрибар кæнынæн.
«Мидхъуыддæгты министрады æмбæлгæ хайадты кусджытæ мобилизацигонд сты Кутаисы, Шота Руставелийы проспектыл æмæ оперативон-фæдагурæн мадзæлттæ æххæст кæнынц.
Фæдагуырд райдыдта «Гуырдзыстоны Банкы» иуæй-иу филиалмæ бырсты, терриористон акты, террористон акт сыххæсты нысанæн амынæты скæнын æмæ хæстæрмæджыты æнæзакъононæй балхæд-бавæрд-хæссыны фактыл.
Оперативон-фæдагурæн архæйдтытæй сбæрæг ис, цæмæй гарзджын гоймаг Кутаисы, Шота Руставелийы проспектыл уæвæг «Гуырдзыстоны Банкы» филиалмæ бабырста æмæ стыр бæрцæй суммæ байсты нысанæн амынæты скодта цалдæр адæймагы.
Ацы рæстæгмæ бæстыхайы амынæты сты 12 адæймаг. Барадхъахъъæнджытæ алы хъæугæ мадзал кæнынц сæ тагъд æмæ æдасæй ссæрибар кæнынæн.
Мидхъуыддæгты министрад сиды медиайы минæвæрттæм æмæ æмбæстæгтæм, бахъахъхъæнæнт æдасдзинады нормæтæ æмæ бакоммæкæсæт бынатыл пъæлицæйæгты амындтæм.
Æрцæугæ фактыл фæдагуырд Гуырдызстоны тугтæрхоны барады кодексы 144, 236, 323, æмæ 329-æм статитæй цæуы» – банысангонд у фидиуæны.