МХМ - Ираклий Окруашвили æмæ ноджы цыппар уæнгы, къордон тыхмидзинады организацийы æмæ хайадисыны аххосагæй сты ахст
20-21 июны фæзындты тыххæй, къордон тыхмиидзинады организацийы, разамынды æмæ уым хайад исыны аххосагæй, ахст у Ираклий Окруашвили. Афтæма, МХМ ноджы увппар гоймагы рацахста. Уый фæдыл мидхъуыддæгты министрады централон криминалон полицийы департаменты директоры хæстæ æххæстгæнæг, Мамука Чъелидзн абон уагъд брифнгыл райхъусын кодта.
«Мидхъуыддæгты министрады централон криминалон полицийы департамент, 2019 азы 20-21 июны парламенты раз айтынггонд фæзындтæм гæсгæ, тæрхонгæнæджы уынаффæйы бындурыл, къордон тыхмиидзинады организацийы, разамынды æмæ уым хайад исыны аххосагæй, ахст у Ираклий Окруашвили.
Цæугæ фæдæвзарæны фæлгæтты фæбæрæг ис, цæмæй парламенты бæстыхаймæ лæурды рæстæджы, Ираклий Окруашвили йемæ уæвæг уæнгтимæ иумæ, сидтис акцийы хайадисджытæм æмæ йæхæдæг дæр архайдта, парламенты бæстыхаймæ балæбурын. Афтæдæр ирапклий Окруашвили хайад иста æндæр æмæ æндæр къордон тывхмидзинæдты.
Афтæдæр фæнысангонд фæдæвзарыны фæлгæтты, тæрхонгæнæджы уынаффæйы бындурыл, барадхъахъхъæнджытæ абон ноджы цыппар гоймагы æрцахстой. Фæдагуырдæй фæбæрæг ис, цæмæй фæнысангонд уæнгтæ парламенты алфæмбылай территорийыл айтынггонд фæзындты рæстæджы хайад истой къордон тыхмидзинады, полицийæгтæм бырсты æмæ организацгондæй, штурмæй архайдтой парламенты бæстыхаймæ балæбурын.
Мидхъуыддæгты министрад интенсивонæй дарддæр кæны фæдæвзарæн, 20-21 июны парламенты раз айтынггонд фæзындтæм гæсгæ Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 225-æм æмæ 315-æм статитæй.
Бæрзонд æхсæнадон интересы тыххæй, фæдагуырды фæстиуджыты фæдыл информаци, этапгай лæвæрд цæудзæн дзыллæмæ» – хъусын кæнынц МХМ-ы.