МХМ - ЦÆК-ы бæстыхайы цур территорийыл сæххæст къордон тыхмидзинады организацидзинады æмæ уым хайады фактыл райдыдта фæдагуырд
Цæк-ы администрацион бæстыхайы алфамбылай территорийыл сæххæст къордон тыхдзинад æмæ уым хайады фактыл фæдагуырд райдыдта Гуырдзыстоны тугтæрхонон барады кодексы 25 статийы фыццаг æмæ 2-аг хæйттæй, – уый фæдыл МХ министры фыццаг хæдивæг Каха Сабанадзе райхъусын кодта брифингыл.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, пъæлицæй 8 ноябры, протестон акцийы æхсæнадон сæрфад халыны æмæ пъæлицæйы закъонон æркуырдтæн æнæкоммæгæсдзинады фактыл, администрацион уагæй 19 уæнгы æрцахста.
Сабанадзейы информацийæ, акцийы цыды рæстæджы, æнæниздзинады æндæр æмæ æндæр зиæнттæ райстой 14-ы онг барад хъахъхъæнæг, медийы æртæ минæвар æмæ акцийы 10-ы онг хайадисæг.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Тбилисы ацæугæ акцийы хайадисджыты протест рахызтис дзырды æмæ хъуыдыйы сæрибары æмæ сабырадон æмбырды закъонæй бæрæг фæлгæттæй æмæ райста тыхмидзинады равг.
«Боны дæргъы, Руставелийы проспектыл, пъæлицæй мобилизацигонд уыд æмæ ифтонг кодта парламенты бæстыхайы раз цæугæ акцийы сабырæй цыд.
Закъондæттæг органы цур акцийы фæстæ, хайадисджытæ ЦÆК-ы территоримæ ацыдысты. ЦÆК-ы бæстыхайы цур бацæуæг акцийы хайадисджытæ тыхдзинадæй атыдтой æмбонд, æхстой дуртæ æмæ гуылмыз мигæнæнтæ æмæ бацархайдтой, æнæзакъононæй бабырсын ЦÆК-ы территоримæ, цæй фадат сын пъæлицæй нæ ратта», – райхуъсын кодта Каха Сабанадзе.