МХМ- администрацион органты штурмы æкæнæ блокирдзинады адарддæр кæныны цауы, пъæлицæй закъоны фæлгæтты æмбæлон реакци равдисдзæн
Администрацион органтыл штурмы кæнæ сæ блокирдзинадыадарддæр кæныны архайды цауы, пъæлицæй, закъонæй уымæ лæвæрд мандаты фæлгæтты, æмбæлон реакци равдисдзæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады фидиуæны мидæг дзырдæуы.
«17 ноябры, акцийы цыды рæстæджы, афтæдæр æнæхъæн æхсæвы дæргъы пъæлицæй сифтонг кодта æмбæстæгтæн æрымбырды æмæ манифестацийæн хъæугæ уавæртæ.
Афтæма, Руставелийы проспектыл, парламенты бæстыхайы раз райдайгæ сабырадон акци фæстæдæр закъоны ныхмæ равг райста. Сæрмагондæй та, æрымбырдуæвджыты хай, закъондæттæг органы алы бацæуæн сыхгæдта. Уый йеддæмæ ма, политикон лидертæ, фарсхæцджытæм æргомæй æрсидтысты, парламентон ороганæн йæ куысты бахъыгдарын.
Мидхъуыддæгты министрады æнæ иу сидты æмæ фæдзæхстмæ æнæкæсгæйæ, дзырды æмæ æрымбырды сæрибардзинад ахызтис закъонæй бæрæг фæлгæттæй. Сæрмагондæй хаххгондæй æмбарын кæнæм цæмæй «æрымбырды æмæ манифестацийы фæдыл» Гуырдзыстоны закъоны 9-æм статимæ гæсгæйæ, тобæгонд у закъондæттæг органы бацæуæнты блокирдзинад æмæ йæ куыст куылмпы кæнын» -банысангонд у МХМ-ы фидиуæны.
«МХМ сиды Руставелийы проспектыл æрымбырдуæвæг политикъон партиты лидертæм æмæ акцийы организатортæм, бауромæт парламенты бæстыхайы бацæуæнты пикетирдзинад. Бахъахъхъæнæт Гуырдзыстоны конституци æмæ ма рахизæт сабырадон æмдырды закъонæй бæрæг фæлгæттæй.
Ноджы иу хатт сидæм парламенты раз акцийы организатортæм æмæ акцийы хайадисджытæм, бакоммæ кæсæт пъæлицæй закъонон æркуырдтæм» – банысангонд у МХМ-ы фидиуæны.