Митуарды тыххæй   Брюсселы  аэропорт æхкæд æрцыд
Митуарды тыххæй Брюсселы аэропорт æхкæд æрцыд

Брюсселы  аэропорт  рæстæгмæ æхкæд æрцыд.  Аэропорты администрацийы  спикер  куыд  хъусын кæны афтæмæй,   аэропорт  гæнæн ис  йæ куыст сног кæна  бынæттон рæстæгæй  19:00  сахатыл.

Аэропорты æрыхкæды   æмæ  90-ы онг рейсы æргъæвды  аххосæй  Брюсселы Завентемы æхсæнадæмон аэропорты схуыдтой  хъызт.

Бельгийы сæйраг сахары  райсомæй  æнæнцайгæйæ уары мит  æмæ къуырийы  дæргъы  æнхъæлмæкæинаг  у  стыр  митуард.

Абон бæлццæттæ  электронон постæй  райстой  хъуинæгтæ.  Уыдоны администраци фæдзæхсы æрцæугæйы тыххæй  æмæ сæм сиды,  рейсы статусы бабæрæг кæной.

Аэропорты  адæмы нымæцы  тыххæй æдасдзинады  мадзæлттæ  фæкарздæр кодтой.  Авиакомпанитæ нырма  нæ  зонынц, кæд бауыдзæн сæ бон  рейсыты сæххæст кæнын. Бельгийы  аэропорт æрвылазонæй  балæггад кæны  25  милуаны  онг бæлццонæн.