Мирза Субелианийæн  æфхæрды  фæдыл тæрхондон абон фæуынаффæ кæндзæн
Мирза Субелианийæн æфхæрды фæдыл тæрхондон абон фæуынаффæ кæндзæн

Хоравайы  уынгыл  марындзинады  хъуыддагыл  фыдракæнды æнæсдзырды  аххосагæй   ахст  Мирза Субелианийæн  развæлгъау  мадзæлттыл   тæрхондон абон фæуынаффæ кæндзæн.

Процесс  тæрхондоны снысан ис 20:390  сахатмæ.

Субелианийæн аххосаг бавдыстæуыд  тугтæрхоны барады  кодексы  376-æм статийæ.

Тбилисы  Хоравайы  уынгыл  æрцæугæ марындзинад хъуыддагыл  прокуратурæйы раздæры  кусæгы  Мирза Субелианийы  знон æрцахстой.

Субелианийы  азымджын кæнынц  тугтæрхоны барады  кодексы  376-æм статийæ, фыдракæнды тыххæй æнæсдзырды.

Ацы  хъуыддагыл та  8-æм июны,   æвдисæнмæ хъомыс дарыны  аххосагæй   æрцахстой Мераб Морчадзейы.  Уымæн аххосаг бавдисыны процедурæ  уагхд цæуы  ацы  сахатты.

Тбилисы Хоравайы уынгыл  мард Давит Саралидзейы фыд, Заза Саралидзе, Мирза Субелианийы азымджын кæны фыдгæнджыты  сæрыл дзурыны.

Хоравайы  уынгыл дыууæ æнахъомы  фыццаг декабры  фæцæф кодтой.  Леван Дадунашвили  фæмард рынчындонмæ баласыны онг, æрмæст Давит Саралидзе та 2 декабры  рынчындоны  амард.

Тæрхондон  Леван Дадунашвилийы  барæй марындзинады  зылынджыныл гнымадмæ ист  Г.Б.йæн сæтрхон  кодта 10 аз æмæ 6 мæйæ  ахст, æрмæст уæззау уавæрты  æнахъом Давит Саралидзейы  барæй  марындзинады архайды  зылынмæ лæвæрд  Г.ДЖ.-йæн та  9 аз æмæ  9 мæйæ ахст.