Минæвары информацийæ, Гуырдзыстоны æмбæстагы базианы, сæфты кæнæ мæлæты фæдыл информаци минæварадмæ нæ бацыд
Гуырдзыстоны æмбæстагы базианы, сæфты кæнæ мæлæты фæдыл информаци минæварадмæ не æрбацыд – уый фæдыл Израилы Гуырдзытсоны минæвар Лаша Жваниа райхуъсын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ «Хамасы» бырсты фæстиуæгæн дыууæ гуырдзиаг дзуттаг амард.
«Израилы æфсад нырма æххæст контрол кæны алы цæрæн пункты, кæцытæм террористтæ балæбурдтой, уый тыххæй информаци самал кæнын зын у. Фæмардуææг адæймæгты нымæцæй алкæй идентификаци нырма нæ сыххæст. Афтæмæй нæу бæрæг конкретонæй чи у скъæфт æмæ чи та амард.
Гуырдзыстоны æмбæтсæгты базианы, сæфты кæнæ мæлæты фæдыл информаци минæварадмæ не æрбацыд. Хуыцауы фæрцы, нæм ныфс ис афтæ фæуыдзæн ай æппæт æмæ Гуырдзыстоны искæцы æмбæстг нæ уыдзæн цæф кæнæ скъæфт. Куыд фæндыдæр уæнт, а дыууæ боны мидæг ахæм бæлвырд информаци нæм не рбацыд.
Абоны бонмæ дыууæ гуырдзиаг дзуттаг сты мард. Нæ хай у уый дæр – Бузудашвили, пъæлицæйы кусæг, кæцы хъайтаронæй æххæст кодта йæ хæстæ æмæ ис ноджы иу æвзонг лæг, Ави Абраам Кубелашвили, кæцы ацы быцæуæмбæлды рæстæджы амард. Тæфæрфæс кнæм не æфсымæрты æмæ хоты ацы æбуалгъ трагедийы тыххæй æмæ сæ фарсмæ лæууæм ацы фыдбонты æмæ хæсты рæстæджы»- банысан кодта Лаша Жваниа.
Газæйы секторæй Израилы æрдæм ракетæтæ 7 октябры, боныцъæхы ауагъдтой. Бырстыл бæрн йæхимæ райста «Хамас». Израилы медиайы ахæлиугонд фæстаг информацийæ, «Хамасы» ракетон хафты фæстиуæгæн амард 700-йæ фылдæр адæймаг, цæф сты иууыл цъус 2 315 адæймаг.