Михеил Саакашвилийы хъуыддагыл  тæрхоны процесс, кæцыйы абон у Мариам Джишкарианийы æрфарст,  хъæлæбайы фоныл цæуы
Михеил Саакашвилийы хъуыддагыл тæрхоны процесс, кæцыйы абон у Мариам Джишкарианийы æрфарст, хъæлæбайы фоныл цæуы

Гуырдзыстоны  раздæры  президент  Михеил Саакашвилийæн   æфхæрды æмгъуыд ахæцыны  фарстайыл  цæугæ  тæрхоны процесс, кæцыйыл абон у  центр «Эмпатийы»  къухдариуæггæнæг  Мариам Джишкарианийы æрфарст,  стыр хъæлæбайы фоныл  цæуы.

Михеил Саакашвилийы  авдокаттæ  уымæн   фарстатæ дæттын  фесты, цæй фæстæ  дæр Джиашкарианийы  фарстой    пенитенцион  куысты  минæвæрттæ.  Мариам Джишкариани   бæрæг   фарстаты фæдыл  æнæразыдзинад равдыста, кæцы  рабадтыл хъæлæба расайдта.

Тæрхонгæнæг  Гиорги Аревадзе  йæм  бартхъирæн кодта  фæивар кæнынæй  æмæ йын райхæлдта, цæмæй  уый ма  хъуамæ аргъ кæнит  кæцы фарста у  релевантон æмæ кæцы та  – нæ.

Уыимæ,  Джишкарианийы æвдисæндзырдмæ  гæсгæ,  Саакашвилийы  уавæр уæззау  у  æмæ  нæу йæ бон æфхæрды  æмгъуыд  арвитын.

«Алы уагдоны, кæцыйы дæр уыд,  бацахуыр кодтой документаци. Фылдæр  диагнозтæ, нæ  иртасæнтæй,  хатдзæгы 8-æм сæры ис.  Хъыгагæн,   ацы   этапыл  афтæ у,  бæлвырд деменци,  кæцы  Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министрады, министры  бардзырдмæ гæсгæйæ,   æфхæрды æмгъуыд арвитыны æмæ ссæрибар кæныны  бындурмæ  цæуы куыд   низ.

Зиангонд у централон  нервон системæ,  периферион  нервон системæ æмæ  астæумагъзы   нервон системæ.  Ацы диагнозтæ иууылдæр бæлвырд сты  «Вивамедийы»  иртасæнтæй.  Ацы диагнозтæ  сты  йæ ссæррибаркæнæн диагнозтæ.  Стауты,  стæгтырыстытæ райдыдта, ныуæзта  бирæ хостæ  æмæ  афтæ бахауд  «Вивамедимæ». Фæсарæйнаг эксперттимæ иумæ   рахастам хатдзæг, цæмæй  энцефалопати фæкарз ис.   Хъуыды кæнæм, цæмæй  токсикологион  иртасæны  æрдгæй  арф сгæрст  хъуамæ адарддæр уа.  Æнæаргъæвгæйæ  саразын хъæуы   детоксикаци»,  – банысан кодта Мариам Джишкариани.