Михеил Саакашвилийы бинонты уæнгтæ хъусын кæнынц, цæмæй  йæ æнæниздзинады  уавæр тынг уæззау  у  æмæ æнæмæнгхъæугæ ссис йæ аласын  клиникæмæ
Михеил Саакашвилийы бинонты уæнгтæ хъусын кæнынц, цæмæй йæ æнæниздзинады уавæр тынг уæззау у æмæ æнæмæнгхъæугæ ссис йæ аласын клиникæмæ

Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийы  бинонтæ  хъусын кæнынц, цæмæй  йæ  æнæниздзинады уавæр тынг фæкарз.

Михеил Саакашвилийы  мад Гиули Аласаниа  куыд банысан кодта афтæмæй,  Михеил Саакашвилийы æнæаргъæвгæйæ  аласын хъæуы  рынчындонмæ.

«Ныр алцыппæт  баст у  нæ  хицауадыл. Адæймагы æнæаргъæвгæйæ  аласын хъæуы  рынчындонмæ, вæццæгæн фæсарæнтæм, уый дзурынц  дохтыртæ,  цæмæй  Гуырдзыстоны,  хъыгагæн, нæй  æмбæлгæ клиникæ, цæмæй ахæм низæн схос кæной, уый тыххæй  хъæуы  йæ  аласын искæдæм фæсарæнтæм æмæ мæ  стыр ныфс ис  бантысдзæни», – райхъусын кодта Гиули Аласаниа.

Уыимæ ма, Михеил Саакашвилийы æфсымæр, Давит Саакашвили банысан кодта, цæмæй реалонæй  Миша  у Путины уацайраг  Гуырдзыстоны.

«Мах алкæй намысы  фарста у, бахъахъхъæнæм йын æнæниздзинад æмæ йын раттæм уый бар, цæмæй  хайад райса,  фæцæра нæ бæстæйы  цардæй», – загъта Давит Саакашвили.